Хуссар Иры премьер-министр ӕмӕ спикер схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдты фӕдыл

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры премьер-министр ӕмӕ спикер схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдты фӕдыл
Хуссар Иры премьер-министр ӕмӕ спикер схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ алыгъуызон уагдӕтты минӕвӕрттӕ дарддӕр хъӕлӕс кӕнынц Цхинвалы иунӕг ӕвзарӕн фадыджы

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик схъӕлӕс кодта Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл къуырисӕры, 29 июны, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕн ӕвзарӕн фадыг ис УФ минӕварады бӕстыхайы Цхинвалы. Бахизӕны хицауады сӕрдарӕн сбарстой йӕ тӕвд ӕмӕ йын радтой иухаттон маскӕ, ӕрмкъух ӕмӕ ручкӕ.

Пухаты Эрик банысан кодта, кӕй сӕххӕст кодтой ӕдасдзинады алы мадзал дӕр. Хицауады сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕлӕсдӕттын сбӕрӕг кӕндзӕн, цы веторыл райтынг уыдзӕн Уӕрӕсейы Федераци.

"Нӕ республикӕйы цӕрджыты фылдӕр хай сты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, уый фӕдыл ӕз сидын алкӕмӕдӕр, чи нымайы йӕхи Уӕрӕсейы Федерацийы хайыл, хайад райсын хъӕлӕсдӕттыны. Районты цӕрджыты ласынц хъӕлӕсдӕттыны пункттӕм графикмӕ гӕсгӕ, фадгуыты ӕххӕст цӕуынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕ", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Премьер-министримӕ иумӕ хъӕлӕсдӕттыны хайад райстой хицауады аппараты кусджытӕ дӕр.

Абон УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл схъӕлӕс кодтой парламенты спикер Тадтаты Алан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны депутаттӕ. Афтӕ ма хъӕлӕсдӕттыны хайад райстой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ уагдоны кусджытӕ.

Уӕрӕсейы Сӕйраг законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын райдыдта 25 июны ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 1 июлы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0