Хуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ

© МВД РЮОХуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ
Хуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕртӕ дуканийы экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы хайады оперативон кусджытӕ ссардтой зӕронд продукци

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik. Цхинвалы ӕртӕ дуканийы ссардтой зӕронд продукци, фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон ивар, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры къухдариуӕгад сбӕрӕг кодта республикӕмӕ продукттӕ ӕрласыны график

Экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы хайады кусджытӕ сгарынц амалиуӕггӕнджыты, кӕцытӕ уӕй кӕнынц хӕлцадон продукттӕ столицӕйы. Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ оперативон кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ ӕртӕ базарадон объектыл – уым ссардтой зӕронд продукци.

"Басгӕрстты ӕрмӕджытӕ ӕмӕ райсгӕ продукци барвыстой фӕлхасгӕнджыты барты хъахъхъӕнынады фӕдыл цӕстдарды Комитетмӕ, цӕмӕй фӕткхалджыты ӕрбаздахой административон бӕрнмӕ", - банысан кодта экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы хайады хистӕры хӕдивӕг, милицийы дӕлбулкъон Дудайты Дмитрий.

МХМ ӕрсидтысты ӕлхӕнджытӕм, цӕмӕй сӕ хъус дарой дуканиты продуктты ӕмгъуыдмӕ.

© МВД РЮОХуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ
Хуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕивар кӕндзысты дуканиты, кӕцыты ссардтой зӕронд продукттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0