"Уыдон махмӕ дӕр хауынц": Хуссар Иры президент Уф Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны, куыд Уӕрӕсейы, хъӕлӕс кӕнынц УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл. Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды ацы фарсты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik, Козаты Диана. Ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ хӕссынц Уӕрӕсейы Конституцимӕ, хауынц Хуссар Ирыстоны алкӕцы цӕрӕгмӕ дӕр, загъта президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Паддзахады сӕргълӕууӕг дыццӕджы радта интервью онлайн-конференцийы форматы информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстонӕн. Мӕскуымӕ балцы фӕстӕ президент ис дыууӕкъуырион хиизоляцийы йӕ резиденцийы Дзауы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрсидт Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕн ис Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгад ӕмӕ бахахх кодта, Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ кӕй хауынц республикӕйы цӕрджытӕм дӕр.

"Хъӕуы ӕрбацӕуын ӕмӕ схъӕлӕс кӕнын, уымӕн ӕмӕ ивындзинӕдтӕ махмӕ дӕр хауынц. Мӕ бон у ӕрхӕссын цӕвиттон. Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы законтӕн уыдзӕн фылдӕр юридикон тых ӕхсӕнадӕмон бадзырдтӕм абаргӕйӕ. Уый хауы Хуссар Ирыстоны алкӕцы ӕмбӕстагмӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ сомбон уый хаудзӕн таможнӕйон процедурӕтӕм, транспортон фӕрӕзты ӕрбаластмӕ ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕм", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Президент ӕрсидт алкӕмӕдӕр ӕрбацӕуын ӕвзарӕн фадгуытӕм ӕмӕ схъӕлӕс кӕнын, цӕмӕй алкӕцы адӕймагӕн фидӕны фылдӕр фадӕттӕ уа проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн.

© Sputnik / Natalia Airiyan Онлайн-конференци Бибылты Анатолийы хайадистӕй
Уыдон махмӕ дӕр хауынц: Хуссар Иры президент Уф Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Онлайн-конференци Бибылты Анатолийы хайадистӕй

Бибылты Анатолий бахахх кодта, хъӕлӕсдӕттын тынг ахсджиаг кӕй у Хуссар Ирыстоны алкӕцы ӕмбӕстагӕн дӕр.

Президент йӕхӕдӕг хъӕлӕс кӕндзӕн ӕртыццӕджы, 1 июлы, хиизоляцийы уӕвгӕйӕ.

Уӕрӕсейӕгтӕн Хуссар Ирыстоны хъӕлӕс раттыны фадат ис УФ минӕварады, уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕн та бакодтой дыууӕ ӕвзарӕн фадыджы Цхинвалы ӕмӕ Дзауы поселочы.

Республикӕйы ӕмгъуыдӕй раздӕр схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн 25 июнӕй 30 июньмӕ 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ, хъӕлӕсдӕтты бон та – 1 июлы схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн 8.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0