Хуссар Иры байгом сты сабидӕттӕ карантины фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзаутӕн та Цхинвалы бакӕндзысты боны сӕрдыгон лагерь столицӕйы къола-интернаты бындурыл

ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik, Козаты Диана. Цыппармӕйон карантины фӕстӕ Хуссар Ирыстоны байгом сты сабидӕттӕ. 

Цхинвалы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ иууылдӕр февралы ӕхгӕд ӕрцыдысты карантиныл грипп ӕмӕ КРВИ тыххӕй. Марты карантин адарддӕр кодтой коронавирусы апарахаты тасӕй. Уыимӕ 10 азы онг кары сабиты ныййарджыты ссӕрибар кодтой куыстӕй, сӕ мызд бахъахъхъӕнгӕйӕ.

Райсгӕ мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн Хуссар Ирыстоны тӕссаг инфекци нӕ апарахат. Уый адыл тобӕты фылдӕр хай ист ӕрцыдысты, ӕхгӕд ма у ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсеимӕ арӕн.

"Мӕн ссӕрибар кодтой куыстӕй, фондзаздзыд сывӕллон мын кӕй ис, уый тыххӕй. Мӕ мызд истон рӕстӕгыл, ницы проблемӕтӕ фӕзынд уый фӕдыл. Абон ацыдыстӕм сабидонмӕ. Мӕ чызг ацахуыр хӕдзары, нал ӕй фӕндыд сабидонмӕ, иучысыл акуыдта, фӕлӕ уымӕн ницы у", - дзуры ӕвзонг мад Алена.

Фӕлӕ ныййарджытӕй бирӕтӕ нырма тӕрсынц сӕ цоты сабидӕттӕм кӕнын, группӕты ис ӕрмӕстдӕр сывӕллӕтты ӕртыккаг хай.

Æлборты Людмила - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныййарджытæ тыхстысты сабидæтты æхгæды тыххæй - бирæсывæллонджын мад

Уымӕй дарддӕр ма социалон хызӕгты апарахат информаци, сабидӕттӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуыримӕ кӕй бакодтой. Ахуырады министрады пресс-службӕйы аиуварс кодтой уыцы дам-думтӕ.

"Цалдӕр боны размӕ нӕ министрады ацыд ӕмбырд сабидӕтты директортимӕ. Ныхас райдыдта ацы темӕйӕ. Министр Гасситы Натали бахахх кодта, ацы дам-думтӕ кӕй сты ӕнӕбындур. Сабидӕттӕ байгом кодтой ӕмӕ кусдзысты", - загъта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Плиты Яна. 

Уый ма банысан кодта, сабидӕттӕ иууылдӕр кӕй сты ифтонг хӕлцадӕй. Уымӕй дарддӕ сабидӕтты кусджытӕ райстой рекомендацитӕ "Югосетпотребнадзор" ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕй.

Скъоладзаутӕн та Цхинвалы бакӕндзысты боны сӕрдыгон лагерь столицӕйы скъола-интернаты бындурыл. Иу сменӕ райсдзӕн сӕдӕ сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0