Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зынгсирвӕзттӕй

© Photo : PixabayЦӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зынгсирвӕзттӕй
Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зынгсирвӕзттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гидрометеорологи æмæ боныгъæды ивддзинæдты цæгатирыстойнаг центры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы тыгъдбыдырты тæссаг у зынгсирвæзтытæй

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 2-4 июлы тæвд боныгъæды аххосæй тӕссаг у зынгсирвӕзттӕй. Регионы УУМ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй республикæйы хъæдты уавæрæн радтой зынгсирвæзтытæй тæссагдзинады 5-æм къæпхæн.

"Гидрометеорологи æмæ боныгъæды ивддзинæдты цæгатирыстойнаг центры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы тыгъдбыдырты тæссаг у зынгсирвæзтытæй", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, ӕрдзы хъӕбысы артытӕ ӕмӕ зынг уадзæн кæй нæй – уый расайы æрдзон фыдбылызтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0