Хуссар Иры автоинспекторты схорзӕхджын кодтой ӕмӕ сын раарфӕ кодтой бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны кусджытӕ майрӕмбоны нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон, уыдонӕн раарфӕ кодта республикӕйы МХМ сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕстыхайы майрӕмбоны ацыд кусджыты бӕрӕгбонон ралӕуд. ПАИ хуыздӕр инспекторты сӕ профессионалон бӕрӕгбоны схорзӕхджын кодтой майдантӕй ӕмӕ нысӕнттӕй.

ПАИ бон ӕрвылаз нысан кӕнынц 3 июлы, уыцы бон 1936 азы сарӕзтой ССРЦ МХМ Паддзахадон автомобилон инспекци. 2009 азы Уӕрӕсейы МХМ сӕргълӕууӕг Рашид Нургалиев бафыста барамынд Паддзахадон автоинспекцийы бон расидыны фӕдыл. Фӕлӕ ӕнӕофициалонӕй ПАИ кусджытӕ 8 азӕй фылдӕр нымайынц ацы бон сӕ бӕрӕгбоныл.

© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон автоинспекцийы бон
Паддзахадон автоинспекцийы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
1/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
2/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
3/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
4/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон
5/5
Паддзахадон автоинспекцийы бон

Уагдоны кусджытӕн майрӕмбоны раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь, кӕцы банысан кодта, ПАИ кӕй ахсы ахсджиаг бынат барадхъахъхъӕнӕг органты структурӕйы, инспекцийы кусджытӕ та хӕссынц стыр бӕрндзинад фӕндӕгтыл фӕткы тыххӕй.

"Сымах скъуыддзаг кӕнут вазыгджын ӕмӕ бӕрнон хӕслӕвӕрдтӕ, уӕ тыхтӕ дӕттут аварион цауты рагфӕдзӕхст ӕмӕ ликвидацийӕн, ӕрвыл суткӕ сымах ӕххӕст кӕнут фӕндӕгтыл фӕтк ӕмӕ ӕдасдзинад", - загъта Наниты Игорь.

Профессионалон хӕстӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕныны тыххӕй министр радта хуыздӕр кусджытӕн сӕрмагонд нӕмттӕ, схорзӕхджын сӕ кодта юбилейон майдантӕ ӕмӕ нысӕнттӕй.

Бӕрӕгбоны цытӕн кӕцыдӕр кусджыты ссӕрибар кодтой дисциплинарон ӕфхӕрдтӕй.

Афтӕ ма сын МХМ сӕргълӕууӕг радта зӕрдылдарӕн лӕвар.

"Мӕ хӕслӕвӕрд у критикӕ кӕнын ӕмӕ хъус ӕрдарын фехӕлдтӕм. Уӕ хӕслӕвӕрд та у службӕ кӕнын. Ахӕм куыст уын ис. Сымах бонӕй ӕмӕ ӕхсӕвӕй стут фӕндӕгтыл, кӕддӕрты республикӕйы ӕддейӕ дӕр", - бахахх кодта Наниты Игорь.

Йӕ интервьюйы Sputnik министр банысан кодта, ПАИ кусджытӕ ӕцӕг кӕй хӕссынц стыр бӕрндзинад, уыдон ӕххӕст кӕнынц зын куыст – хъахъхъӕнынц ӕхсӕнадон фӕтк, фӕцӕуынц паддзахады къухдариуӕгад ӕмӕ уазджытимӕ, рады лӕууынц стационарон постыты, уаг дӕттынц фӕндагон змӕлдӕн республикӕйы фӕндӕгтыл.

Афтӕ ма министр фехъусын кодта уагдоны кусджытӕн президент Бибылты Анатолийы арфӕйы ныхӕстӕ, кӕцы нырма дӕр ис хисӕрмагонд изоляцийы Мӕскуымӕ балцы фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0