Хуссар Иры хорзыл нымайынц Владимир Путины курс – Бибылты Анатолий

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл схъӕлӕс кодтой республикӕйы уӕрӕсейаг ӕмбӕстагадимӕ цӕрджыты 90 процентмӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын равдыста, Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнад хорзыл кӕй нымайы Уӕрӕсейаг паддзахады хъомыс сӕндидзын кӕныны курс, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолий арфӕйы телы йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Владимир Путинмӕ.

Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты 80% фылдӕр хорзыл банымадтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ

Хуссар Ирыстоны, куыд Уӕрӕсейы, 1 июлы балхынцъ ис хъӕлӕсдӕттын УФ Сӕйраг законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл. Ӕвзарӕн фадгуытӕм, кӕцытӕ бакодтой республикӕйы территорийыл, ӕрбацыдысты фараст мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыдоны 87 проценты хорзыл банымадтой уӕрӕсейаг Сӕйраг законмӕ ивындзинӕдтӕ.

Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсдӕттын ӕнтыстджынӕй кӕй ауагътой, уый фӕдыл Бибылты Анатолий арвыста арфӕйы тел УФ президент Владимир Путинмӕ.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ мӕхи номӕй Дын арфӕ кӕнын Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын ӕнтыстджынӕй ауадзыны тыххӕй. Хъӕлӕсдӕттыны активон хайад райстой уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны дӕр. Референдумы фӕстиуджытӕ равдыстой, ӕхсӕнад хорзыл кӕй нымайы Уӕрӕсейаг паддзахады хъомыс сӕндидзын кӕнын курс"- дзырдӕуы арфӕйы телы.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта Владимир Путинӕн фидар ӕнӕниздзинад, ног ӕнтыстытӕ йӕ бӕрнон куысты, уӕрӕсейӕгтӕн та – сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон.

УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын ацыд 25 июнӕй 1 июльмӕ. Уӕрӕсейы Централон ӕвзарӕн къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 77,92% кӕй схъӕлӕс кодтой ивындзинӕдтыл, 21,27% та сӕ ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0