Ног рынчынтӕ нӕй: Хуссар Иры коронавирусӕй хоскӕнынад цӕуынц ӕртӕ адӕймаджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртӕ рынчын курсанты нырма сты медикты хъусдарды бын республикон инфекцион рынчындоны

ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ма баззад коронавирусӕй ӕртӕ рынчыны, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Ивгъуыд суткӕйы республикӕйы ауагътой 21 басгӕрсты, тестты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ республикӕйы фарастӕм суткӕйы нӕй ног рынчынтӕ.

Уый банысан кодта, рынчыныдоны коронавирусӕй хоскӕнынад кӕй цӕуынц ӕртӕ курсанты.

"Абоны бон медикты хъусдарды бын сты 284 адӕймаджы. Уыдонӕй республикон бирӕпрофилон медицинон центры – 78, инфекцион хайады – 25, гуырӕн хӕдзары раздӕры бӕстыхайы – 30 адӕймаджы. Афтӕ ма Знауыры районы – 26, Дзауы районы – 38 ӕмӕ Ленингоры районы та 18", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 85 фӕрынчынуӕвӕджы, сарӕзтой 2454 тесты вирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0