ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон-цау (ФТЦ). Аварийы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Афтӕ ма республикӕйы фӕндӕгтыл сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 159 фӕткхалды. Авд шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр республикӕйы территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй ЦХинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрурӕдтой дыууӕ адӕймаджы, кӕцыты тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ.