Цӕвиттойнаг рауагъдонтӕ: Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты

© Из личного архива Алана Цховребова Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты
 Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ацы аз астӕуккаг скъола фесты 468 рауагъдоны, уыдонӕй ӕрмӕст цыппар – Цхуырбаты Мария, Хацырты Мария, Джиоты Ирина ӕмӕ Тедеты Лана - райстой майдантæ

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады схорзӕхджын кодтой 2020 азы медалистты. Ацы аз ахуыры дӕнцӕг ссисты цыппар чызджы гимназитӕ "Альбион" ӕмӕ "Рухс"-ӕй.

Цӕвиттойнаг рауагъдонты райста ахуырады министр Гасситы Натали.

Рауагъдон бал Цхинвалы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауагъдон бал Цхинвалы: куыд ацӕудзӕн скъоладзауты сӕйраг бӕрӕгбон

"Иу сызгъӕрин ӕмӕ ӕртӕ ӕвзисты. Традицимӕ гӕсгӕ уыдон хорзӕх фӕцӕуынц рауагъдон балы размӕ, фӕлӕ ацы хатт мадзал фӕфӕстӕдӕр ис эпидемиологон уавӕры тыххӕй. Министр Гасситы Натали раарфӕ кодта медалисттæн ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй ацы фӕсивӕд уӕлдӕр ахуыры фӕстӕ ӕрыздӕхой Ирыстонмӕ", - фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы кусӕг Плиты Яна.

Ӕвзист майдантимӕ ахуыр фесты Хацырты Мария, Джиоты Ирина ӕмӕ Тедеты Лана. Цхуырбаты Мария та ссис сызгъӕрин майданы хицау.

Уыдонæн æнæмæнгхъæуæг у хистӕр кълӕсты министрады контролон куыстытӕ раттын хорз нысӕнттыл. Иунӕг сызгъӕрин майданы хицау ӕрмӕст контролон куыстӕ не 'ххӕст кодта иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтыл, фӕлӕ ма скъолайы ӕмгъуыд ӕрæмбырд кодта 70-йӕ фылдӕр дипломы бирӕнымӕц конкурсты.

"Мӕскуыйы уӕлдӕр экономикӕйы скъоламӕ радтон мӕ гӕххӕттытӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсын сӕ дзуаппмӕ. Уырдӕм куы бацӕуон ахуырмӕ, уӕд зӕгъӕн ис, мӕ бӕллиц сӕххӕст ис", - загъта Sputnik Цхуырбаты Мария.

Тедеты Лана та æвзист майданимæ ахуыр фæцис гимнази "Рухс"-ы.

"Ахуыргӕнджыты лӕггад дзы бирӕ ис, фӕлӕ ахуырдзауы дӕр бирӕ хъӕуы архайын. Фыццаг къласӕй хъуамӕ хорз ахуыр кӕнай, уӕд ӕппӕт дӕр рацӕудзӕн", - загъта Тедеты Лана.

Хуссар Ирыстоны ацы аз астӕуккаг скъола фесты 468 рауагъдоны, уыдонӕй ӕрмӕст цыппар райстой майдантæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0