Хуссар Иры туризмы фадыг рахызт Экономикон райрӕзты министрады дӕлбармӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент бафыста документ, кӕцы здӕхт у хицауады ӕххӕстгӕнӕг органты эффективон системӕйы арӕзтадмӕ

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туризмы фадыг рахызт республикӕйы Экономикон райрӕзты министрады дӕлбармӕ, уый размӕ туризмы райрӕзтыл архайдта фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитет.

Ӕмбӕлон барамынд "Республикӕ Хуссар Ирыстоны хицауады ӕххӕстгӕнӕг органты системӕ ӕмӕ структурӕйы фӕдыл" бафыста дыццӕджы республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.

"Раивын Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитетмӕ, ӕмӕ раттын 5 штатон иуӕджы ӕмӕ йӕ функцитӕ туризмы фадыджы паддзахадон политикӕ реализаци кӕныны фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Экономикон райрӕзты министрадӕн", - дзырдӕуы документы тексты.

Барамындмӕ гӕсгӕ, Экономикон райрӕзты дӕлбармӕ рахызт лицензитӕ дӕттыны фӕдыл хайад дӕр.

Документмӕ гӕсгӕ ма раивтой цалдӕр уагдоны нӕмттӕ ӕмӕ структурӕ. Афтӕмӕй республикӕйы паддзахадон таможнӕйон комитеты ном раивтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Таможнӕйон комитетмӕ, информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитет раивтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны информаци ӕмӕ мыхуыры комитетмӕ, сӕйраг архивон хайад та раивтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны архивон хайадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0