Хуссар Иры улӕфджытӕн ногӕй фехъусын кодтой ӕдасдзинады мадзӕлтты тыххӕй

Рафыссын
Республикӕйы иудадзыг уагъд цӕуынц профилактикон рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты, сӕйраджыдӕр донбылгӕрӕтты

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы донбылгӕрӕтты улӕфджыты бафӕдзӕхстой ӕдасдзинады фӕткты тыххӕй ӕмӕ сӕм ӕрсидтысты, цӕмӕй сӕ фӕстӕ ӕфснайой, афтӕ ма ӕххӕст кӕной зынгсирвӕзты ӕдасдзинад.

Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Закон халын ӕмӕ ӕрдзӕн зиан хӕссын: Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Аунеу ӕмӕ Тулдзыты хъӕуты районы профилактикон рейдтӕ уадзынц районы мидхъуыддӕгты хайады ӕнахъомты фӕдыл инспектортӕ ӕмӕ фадыгонтӕ.

"Бирӕ ныййарджытӕ улӕфыны рӕстӕджы ферох кӕнынц сӕ сабиты ӕдасдзинады тыххӕй. Ӕмӕ уый гӕнӕн ис ӕркӕна ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕм. Афтӕ ма милицийы кусджытӕ хъусын кӕнынц улӕфджытӕн, кӕй хъӕуы ӕфснайын сӕ фӕстӕ. Ныр ам сыгъдӕг у, фӕлӕ фарон аз цӕугӕдоны дӕр бирӕ бырон уыд", - радзырдта улӕфджытӕй иу Лали.

Барадхъахъхъӕнджытӕ сӕйраг хъусдард здахынц зынгсирвӕзтты ӕдасдзинады фӕтктӕм. Уыдон сидынц улӕфджытӕм, цӕмӕй ӕнӕ хъусдардӕй ма уадзой арт.
 

Ног хабӕртты лентӕ
0