Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой сног кӕнын зӕххы законад

© SputnikХуссар Иры аскъуыддзаг кодтой сног кӕнын зӕххы законад
Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой сног кӕнын зӕххы законад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарстыл ӕрдзырдтой рабадтыл цыппӕрӕмы, цы ран хайад истой Экономикӕйы министрад, Хъӕууон хӕдзарады министрад ӕмӕ паддзахадон мулкы комитеты сӕргълӕуджытӕ, афтӕ ма горӕт ӕмӕ районты къухдариуӕгад

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик бахӕс кодта хицауадӕн бавдисын хъӕппӕрис зӕххон ахастыты фадыджы законад, афтӕ ма паддзахадон мулкы арендон ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл

Фарстыл ӕрдзырдтой кусӕгон рабадтыл цыппӕрӕмы, цы ран хайад истой Экономикӕйы министрад, Хъӕууон хӕдзарады министрад ӕмӕ паддзахадон мулкы комитеты сӕргълӕуджытӕ, афтӕ ма горӕт ӕмӕ районты къухдариуӕгад.

"Паддзахадон мулкӕй, хъӕууон хӕдзарады нысаниуӕджы зӕххытӕй пайдакӕнынады фадыджы ис бирӕ фарстытӕ, кӕцытыл хъӕуы бакусын. Хъӕуы ӕркӕсын нормативон-барадон базӕмӕ нырыккон домӕнтӕм гӕсгӕ. Нӕ нысаниуӕг у эффективонӕй пайда кӕнын хъӕууон хӕдзарады нысаниуӕджы зӕххытӕй. Зӕххы хъӕуы ӕцӕг хицау", - загъта Пухаты Эрик.

Хицауады сӕрдар бахӕс кодта уагдӕттӕн бахӕссын хицауадмӕ хъӕппӕристӕ зӕххон ахастыты фадыджы, кадастрон службӕйӕн та Хъӕууон хӕдзарады министрадимӕ иумӕ сбӕрӕг кӕнын дырыс административон-территориалон арӕнтӕ.

Рабадты хайадисджытӕ банысан кодтой, уагъд кӕй цӕуы паддзахадон мулкы егъау басгӕрст, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной зӕххытӕ, кӕцытӕй сӕт хицӕуттӕ нӕ пайда кӕнынц.

"Хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын информаци, сбӕрӕг кӕнын хъӕздыг хъӕууон хӕдзарадон зӕххыты арӕнтӕ, райдайын пайда кӕнын зӕххы фадгуытӕй, кӕцытӕй пайда кодтой ӕндӕр нысӕнтты фӕдыл", - загъта экономикӕйы министр Бекъойты Геннадий.

Ног хабӕртты лентӕ
0