Цæгат Иры аварийы бахъыгдард сты æртæ сывæллоны

© Пресс-служба МВД РСО-А.Цæгат Иры аварийы бахъыгдард сты æртæ сывæллоны
Цæгат Иры аварийы бахъыгдард сты æртæ сывæллоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндагон-транспортон цау æрцыд æртыццæджы Дзæуджыхъæуы, Хъесаты К. æмæ Мамсыраты Х. уынгты алвæндагыл

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы æртыццæджы æрцыд авари, цы ран бахъыгдард сты æртæ æнахъомы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ.

Авари Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы: зианбаййафджытӕ нӕй

Фæндагон-транспортон цау æрцыд æртыццæджы 13.20 сахатыл Дзæуджыхъæуы, Хъесаты К. æмæ Мамсыраты Х. уынгты алвæндагыл. Дыууæ уæрæсейаг рог хæдтулгæйы - "ВАЗ 2107" æмæ "ВАЗ 2115" сæмбæлдысты кæрæдзийыл.

"Аварийы фæстиуæгæн Сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ баластой æртæ æнахъом пассажиры - 14 æмæ 15 аздзыдтæ, иу та афæдздзыд сабийы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Цæфтæн бакодтой медицинон æххуыс, уый фæстæ сывæллæттæй дыууæйы ауагътой амбулаторон хоскæнынадмæ, сæ цард æмæ æнæниздзинадæн тас нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0