Цалдæр азы размæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды къорд сфæнд кодтой саразын аивадон тыгъад - Портал, цæмæй æвзонг адæмæн уа фадат æрæмбырд кæнын æмæ сæ аивадон дæсныйад равдисын. Ацы аз карантины тыххæй арæзтадон куыстытæ фæфæстиад сты, фæлæ ныр æвзонг адæм бæстондæрæй æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Джиоты Къоста куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ зæрды ис тагъд рæстæджы ауадзын фыццаг мадзал.
"Нæ фыццаг мадзалы сараздзыстæм нæ горæты нывты равдыст æмæ йæ историимæ базонгæ кæндзыстæм æрбацæуджыты", - банысан кодта Къоста.
Къоста бахахх кодта, зæгъгæ, æрæджы арæзтадон куыстытæ куы цыдысты, уæд сыл культурæйы министрадмæ бахъаст кодта нæ горæты цæрджытæй сæ иу. Уый катай кодта, зæгъгæ, бæстыхайæн йæ æддагбакаст хæлд æрцыд.
"Уыцы бæстыхай куы равзæрстам, уæд йе 'ддаг фарс уыд сæрст, фæлæ кæй згъæлд, уый тæххæй йæ ракалдтам, æмæ йæ быны разынд зæронд агуыри дурæй амад. Тынг фæцыд нæ зæрдæмæ, фæлæ йæм куы æркастыстæм, уæд рабæрæг, тынг кæй згъæлы, уый", - бафиппайдта Къоста.
Порталы къухдариуæггæнæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, реставрацийæн хъæуы стыр фæрæзтæ, æмæ уый тыххæй бæстыхайæн йæ æддагфарс фæстæмæ байсæрстой.
Лæмбынæгдæр байхъусут нæ аудио æрмæджы.