ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты ӕрбаконд уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕмӕ раст скъуыддзаг, кӕцы баххуыс кодта ӕруромын хӕст ӕмӕ саразын разӕууӕлтӕ республикӕйы сабыр райрӕзтӕн, загъта президент Бибылты Анатолий йӕ интервьюйы газет "Хуссар Ирыстонӕн".
Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон. Ацы бон 28 азы размӕ гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ ӕрбакодтой сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ. Уый сӕххӕст кодтой Сочийы бадзырдты фӕлгӕтты, кӕцытӕ бафыстой 1992 азы сӕрды Уӕрӕсе, Гуырдзыстон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ.
Хуссар Ирыстоны хӕсты амӕттӕгтӕ уыцы момент баисты мингай сабыр цӕрджытӕ, республикӕйы территорийыл басыгътой 117 хъӕуы, 100 мин цӕрӕгӕй фылдӕр ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ.
1992 азы сӕрды уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты батальоны сконды республикӕмӕ ӕрыздӕхт президент Бибылты Анатолий дӕр.
"1992 азы ӕз ӕцӕг ӕрыздӕхтӕн Хуссар Ирыстонмӕ фидауынгӕнӕг тыхты сконды, уыдтӕн Псковы уӕлдӕфон-десантон дивизийы взводы командӕгӕнӕг. Цаутӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны фидауынгӕнӕг тыхты ӕрбаконды размӕ, гӕнӕн ис схонын ӕрмӕстдӕр геноцид. Хуссар Ирыстоны территоримӕ фидауынгӕнджыты ӕрбаконд уыцы рӕстӕджы уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕмӕ раст къахдзӕф, кӕцы баххуыс кодта ӕруромын хӕст ӕмӕ саразын разӕууӕлтӕ Хуссар Ирыстоны сабыр райрӕзтӕн", - загъта президент йӕ интервьюйы хуссарирыстойнаг газетӕн.
Президент банысан кодта, фидауынгӕнӕн операци уыд ахсджиаг республикӕйы цӕрджытӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕной йӕ ӕдасдзинад – ӕндӕр фадӕттӕ уавӕр ӕрбиноныг кӕнынӕн нӕ уыд.