Цы куыста хицауад 2019 азы: премьер радта депутаттӕн афӕдзон хыгъдлӕвӕрд

© Пресс-служба президента РЮОПухаты Эрик
Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар Пухаты Эрикбанысан кодта ӕххӕстгӕнӕн къабазы ӕнтыстытӕ экономикӕ, арӕзтад, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ адӕмы цардуавӕртӕ фӕхъуыздӕр кӕныны хаххыл

ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады 2019 азӕн хыгъдлӕвӕрды фылдӕр хай нывонд уыд инвестицион нывӕзты реализацийӕн.

Царз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл ногарӕзт хӕдзӕрттӕм бацыдысты 40 бинонтӕ

Хуссар Ирыстоны парламенты ӕртыццӕджы хъусынц 2019 азы хицауады куыстӕн хыгъдлӕвӕрдмӕ. Сессийы куысты хайад исынц хицауады уӕнгтӕ иууылдӕр, уагдӕтты къухдариуӕггӕнджытӕ, горӕтты ӕмӕ районты къухдариуӕггӕнджытӕ. Рабадтмӕ бацыд президент Бибылты Анатолий дӕр.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик радзырдта сӕйраг мадзӕлтты тыххӕй, кӕцытӕ арӕзт ӕрцыдысты ивгъуыд азы, афтӕ ма арӕзтады стырдӕр объектты тыххӕй. Уыдон нымӕцы ма премьер ранымадта корпусты кӕртыты хӕрзарӕзтад ӕмӕ лифтты цалцӕг - рагон проблемӕ, кӕцы не скъуыддзаг кодта бирӕ ӕзты дӕргъы.

Уый ма радзырдта, хицауад кӕй кодта адресон ӕххуыс ӕмбӕстӕгтӕн - 2019 азы материалон ӕххуыс бакондӕуыд 13 милуанӕй фылдӕр сомы аргъ. Афтӕ ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕй фӕфылдӕр сты сывӕллӕтты ӕмӕ иурӕстӕгон фиддонтӕ. 

Инвестпрограммӕйыл дзургӕйӕ, иууыл ахсджиагдӕр ӕмӕ стырдӕр мадзӕлтты Пухаты Эрик банымадта уазӕгдон, цӕрӕнуат ӕмӕ медицинон кластеры объектты арӕзтад. Уый бахахх кодта, арӕзтады архайӕг 14 генподрядон организациты фылдӕр кӕй сты бынӕттонтӕ.

"Паддзахадон политикӕйы иууыл ахсджиагдӕр принцип у ӕмбӕстӕгты цӕрӕнуатӕй ифтонг кӕнын. Уыимӕ стыр хъусдард здӕхт цӕуы хӕдзӕртты гъӕдмӕ, цӕрджытӕн комфортон уавӕртӕ саразынмӕ. Фарон республикӕйы арӕзт ӕрцыд 300 милуан сомы аргъ цӕрӕнуат - ног корпустӕ Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл. Ацы районы ма сараздзыстӕм сабидон дӕр ӕмӕ ноджы иу корпус", - банысан кодта премьер-министр.

Ахсджиаг объект ма уый схуыдта гуырӕн хӕдзар дӕр, кӕцыйы арӕзтад слӕууыд ӕрдӕгмиллиард соммӕ ӕввахс.

Пухаты Эрик ма банысан кодта доны хахх Уанат-Цхинвал ӕмӕ бырондоны арӕзтӕдтӕ дӕр.

Экономикон фадыджы та премьер ранымадта цыппар инвестицион проекты, кӕцыты реализаци райдыдта кӕнӕ адарддӕр ис ивгъуыд азы. Уыдон сты сӕндуцӕн "Иронсӕн", ӕхсӕры быдыртӕ, дыргъдӕттӕ "Южный сад" ӕмӕ агуыридуры завод.

Иууыл проблемон къабаз та Пухаты Эрик рахуыдта хъӕууон хӕдзарад.

Ног хабӕртты лентӕ
0