Мæскуы æрсидт Гуырдзыстонмæ ныууадзын провокацитæ Хуссар Иры арæнтыл

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæарæхдæргонд инциденттæ уæлдай хатт æвдисынц, ахсджиаг кæй сты Тбилиси, Сухум æмæ Цхинвалы бадзырдтæ арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл, афтæ ма иумæйаг бадзырд тыхæй ма спайда кæныны фæдыл бафыссын, загътой Уæрæсейы ФХМ

ЦХИНВАЛ, 16 июля – Sputnik. Уæрæсе æрсидт Гуырдзыстонмæ ныууадзын провокацион архæйдтытæ Хуссар Ирыстонимæ арæнтыл æмæ спайда кæнын алы диалогон форматтæй дæр Уæрæсе, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазимæ.

Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК: Гуырдзыстон ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕны режим

Уæрæсейаг дипломатон уагдон комментаритæ сарæзта Гуырдзыстоны æрдыгæй фæарæхдæргонд æнæзаконон арæнхалæн цаутæн.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады зæрдыл æрлæууын кодтой 11 июлы инцидент, уæд Гуырдзыстоны 33-аздзыд æмбæстаг, кæцы конд уыд камуфляжон дарæсы æмæ йæм уыд хæцæнгарз, æрбахызт 300 метры арфæн Хуссар Ирыстоны территоримæ. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытыл сæмбæлгæйæ уый бафæлвæрдта алидзын, уымæй дарддæр ма райдыдта æхсын арæнхъахъхъæнджыты. Уыдон дæр æй фæстæмæ фехстой, æмæ арæнхалæг райста къахы рог цæф. Уый ныртæккæ дæр ис Цхинвалы рынчындоны, цы ран райста æмбæлон медицинон æххуыс.

Дипуагдоны хъусдард аздæхтой, гуырдзыстойнаг æмбæстаг кæй басаст, барæй æмæ фыдæнæн кæй фехæлдта Хуссар Ирыстоны арæн.

"Кæд Уæрæсе архайы ахæм фæткхæлдтæ максималонæй сабырæй æмæ æнæ политикæйæ скъуыддзаг кæнын, уæддæр таТбилиси, хъыгагæн, радон хатт ацы цауæй сарæзта политикон спектакль, бæрндзинад æндæртыл æвæргæйæ. Уæлдай диссаг та у  уый, æмæ Уæрæсейы кæй аххосджын кæнынц провокациты æмæ "Медведев-Саркозийы нывæзт" фехалыны", - дзырдæуы  комментарийы.

Мæскуы æрсидт Гуырдзыстонмæ ныууадзын провокацитæ Хуссар Иры арæнтыл æмæ банысан кодта, фæарæхдæргонд инциденттæ уæлдай хатт æвдисынц, ахсджиаг кæй сты Тбилиси, Сухум æмæ Цхинвалы бадзырдтæ арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл, афтæ ма иумæйаг бадзырд тыхæй ма спайда кæныны фæдыл бафыссын.

Ног хабӕртты лентӕ
0