Цхинвалы ацӕудзӕн тагъд шахмӕтты турнир

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы ацӕудзӕн тагъд шахмӕтты турнир
Цхинвалы ацӕудзӕн тагъд шахмӕтты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстон хӕстӕ Уӕлахизӕн нывонд ерыстӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты республикӕйӕ 20-25 хъазӕджы

ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы сӕххӕсты цытӕн ӕппӕтреспубликон ерыстӕ тагъд шахмӕттӕй, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Хуссар Иры æрыгон шахматистты командæ ссис Алания Синема-ы æвзит призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æрыгон шахматистты командæ ссис "Алания Синема"-ы æвзист призер

Ерыстӕ аразынц шахмӕтты Федераци, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ "Россотрудничество".

"Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 20-25 хъазӕгмӕ. Бирӕ архайджытимӕ турниртӕ сты нырма дӕр тобӕгонд. Ерыстӕ суыдзысты ацы аз не 'ртыккаг шахматон мадзал - коронавирусы пандемиийы аххосӕй аргъӕвтам кӕцыдӕр турниртӕ", - загъта Саулохты Георгий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ хорзӕхтӕ.

Турнир ацӕудзӕн 25 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0