Хуссар Иры ӕртыккаг бон нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй ног рынчынты

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стационары хоскӕнынад цӕуынц цыппар пациенты: ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ фӕсарӕнтӕй, ӕмӕ медицинон кусӕг

ЦХИНВАЛ, 20 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕртыккаг бон нӕй коронавирусон инфекцийӕ ног рынчынтӕ, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Инфекцион рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц цыппар пациенты COVID-19 диагнозимӕ.

"Инфекцион рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц цыппар пациенты коронавирусы диагнозимӕ. Уыдон сты ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ уыдысты карантины, ӕмӕ медицинон кусӕг, кӕцы куыста "сырх зонӕйы" – банысан кодта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын карантины сты 200 адӕймагӕй фылдӕр, уыдонӕй 36 – Дзауы рынчындоны, иннӕтӕ сты столицӕйы медицинон уагдӕтты.

Республикӕйы майӕ фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 89 адӕймаджы, уыдонӕй 85 сӕнӕниз сты ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0