Цхинвалы "Тулдзы къох": сыгъдæг уæлдæф æмæ æвдадзы хос

© Sputnik / Дриаты ЛейлаСпортивон фæзуат Тулдзы къохы
Спортивон фæзуат Тулдзы къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрвылбон дæр "Тулдзы къох"-мæ цы бирæ адæм ссæуы, сыгъдæг уæлдæфмæ чи фæтезгъо кæны, уыдон ‘хсæн вæййы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, æрыгæттæ æмæ хистæр кары адæм дæр

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы ныгуылæйнаг хайы "Тулдзы къох"-мæ цæуджытæ дзæвгар фæфылдæр сты фæстаг рæстæджы. Уый та уымæн æмæ ам фæзынд ногарæзт спортивон дзаумæттæ. Сæвæрдта сæ Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, уый æвзонгæй арæх цыд къохмæ – куы йе 'мбæлттимæ, куы та иунæгæй.

"Фæлæ мыл цыдæр аххосæгтæ стых сты æмæ иу рæстæг нал цыдтæн. Нал цыдтæн, фæлæ ардæм цæуын мæ хъуыдыйæ никуы аппæрстон. Ацы аз, иу уалдзыгон бон, цалдæр æмбалимæ ссыдыстæм ардæм. Фæтезгъо дзы кодтам йæ сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадæй барухс сты нæ зæрдæтæ, райстам стыр æхцондзинад", - радзырдта Цхуырбаты Вадим.

Нæлгоймаг куыд банысан кодта, афтæмæй йæ цæст схæцыд, чидæртæ бæлæстыл лæдзгуытæ кæй бахуыдтой, турниктæ дзы кæй сæрызтой, ууыл æмæ уæд аскъуыддзаг кодта ам спортивон дзаумæттæ сæвæрын.

"Фæстæдæр мæ хъуыды раргом кодтон Годжыцаты Павел, Джиоты Рудик, Плиты Шота æмæ Хъуылымбегты Иванæн. Балхæдтам, цы хъуыд, ахæм æфсæйнæгтæ, сарæзтам сæ спортивон дзаумæттæ, сластам сæ æмæ сæ ныфидар кодтам, цы бынат равзæрстам, уым. Мæнæн тынг æхсызгон вæййы, куы ссæуын æмæ дзы искæй куы фенын, уæд", - загъта Цхуырбаты Вадим.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаСпортивон фæзуат Тулдзы къохы
Цхинвалы Тулдзы къох: сыгъдæг уæлдæф æмæ æвдадзы хос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спортивон фæзуат Тулдзы къохы

Æрвылбон дæр "Тулдзы къох"-мæ цы бирæ адæм ссæуы, сыгъдæг уæлдæфмæ чи фæтезгъо кæны, уыдон ‘хсæн вæййы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, æрыгæттæ æмæ хистæр кары адæм дæр. Се хсæн Цхинвалы поликлиникæйы дохтыр Гояты Валентинæ дæр.

"Райсом раджы сыстын, сыгъæг уæлдæфмæ рахизын æмæ тезгъо кæнын адæймагæн æвдадзы хосæй хъауджыдæр нæу. Уымæй адæймаджы æнæниздзинад кæны хуыздæр æмæ хъæддыхдæр, йæ куыстхъомдзинад дæр фæфылдæр вæййы, уæлдайдæр та у йæ рæуджытæ хъыгдард кæмæн сты, йæ зæрдæйæ чи хъæрзы, ахæм адæймæгтæн", - дзуры дохтыр.

Дохтырты амындтæм гæсгæ къохмæ æрвылбон дæр ссæуы столицæйы цæрæг Плиты Гимзер дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иу рæстæджы фæцудыдта йе ‘нæниздзинад, нæлгоймаг сфæлмæцыд хостæй, рынчындæттæй.

"Уæд мын мæ дохтыртæй сæ иу бацамыдта, зæгъгæ, бафæлвар æмæ сæумæрайсомты, цалдæр мæйы бæрц цу "Тулдзы къох"-мæ. Æнцон мын нæ уыдис дохтыры ацы хæс æххæст кæнын, фæлæ адæймаг йæ ‘нæниздзинады тыххæй цæттæ у цыфæнды зындзинæдтæм дæр æмæ æз дæр райдыдтон цæуын. Куыдфæстагмæ бауарзтон ардæм цæуын æмæ уыимæ фæхатыдтæн, ме ‘нæниздзинад кæй фæхуыздæр ис, уый дæр", - банысан кодта уый.

Куыдфæстагмæ Гимзер æгæрыстæмæй райдыдта згъорын дæр, арæх гомкъахæй, аразын райдыдтаспортивон фæлтæрæнтæ. Цалдæр аз хос цы у, уый та зонгæ дæр нал кæны.

"Ныр арæх аныгъуылын хъуыдыты æмæ зæгъын, хорз у æмæ нæ фæзивæг кодтон сæумæрайсом сыстынмæ, ардæм ссæуынмæ, æндæра цы бауыдаин афонмæ?..", - балхынцъ кодта Гимзер.

Спортивон фæзуатæй дарддæр ма Цхуырбаты Вадим фæнд кæны, къохы раздæр цы доны цад уыд, уый сцалцæг кæнын, дон æм бауадзын. Цад куы срæвдз уа, уæд, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ардæм цæудзысты бирæ фылдæр адæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0