Цхинвалы центры сараздзысты ног цӕрӕнуӕттӕ

© Sputnik / Карина ГаглоеваЦхинвайлы центры сараздзысты ног цӕрӕнуӕттӕ
Цхинвайлы центры сараздзысты ног цӕрӕнуӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ корпус самайдзысты 2021-2022 ӕзты, столицӕйы цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн уӕлӕмхас ноджы 150 фатерӕй

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры сараздзысты ног цӕрӕнуӕттӕ. Дыууӕ корпусы фӕзындзысты Харебаты Исахъы уынгыл аварион хӕдзӕртты бынаты, фехъусын кодта Sputnik Арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Ира сараздзысты 522 ног фатеры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сараздзысты 522 ног фатеры

Ног хӕдзӕртты арӕзтады райдайӕн нысан у 2021 азмӕ, йӕ фӕуыд та 2022 азмӕ. Дыууӕ  аварион корпусы ис 50 фатеры бӕрц.

"Столицӕйы тӕккӕ центры дыккӕгӕм скъолайы ныхмӕ уӕвӕг зӕронд бӕстыхай ӕмӕ йӕ фарсмӕ ӕвӕрд корпус дыууӕтӕ дӕр сты аварион. Уыдон бынаты самайдзысты дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары алкӕцыйы дӕр фӕйнӕ 75 фатеры. Ӕмткӕй цӕрӕн фонд баххӕст уыдзӕн 150 фатерӕй. Уый у зынгӕ фылдӕр ам цас бинонтӕ цӕры, уыдонӕй", - загъта уагдоны пресс-секретарь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дыууӕ корпус ӕмӕ Хъайтарты уынгыл 118 аварион хӕдзары бынаты ног бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ арӕзтадӕй ӕлхынцъ цӕуы хӕсты ныппырхуӕвӕг бирӕуӕладзыгон бӕстыхӕйтты арӕзтад.

Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд цӕрой, кӕм цӕрой?

"Зӕгъӕн ис ацы ӕртӕ хӕдзары арӕзтадӕй айсдзысты столицӕйы корпустӕй хӕсты фӕд, дарддӕр арӕзтӕдтӕ цӕудзысты ног микрорайонты", - бафтыдта уый.

Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгон хӕдзары ас цӕрджыты ӕвдисӕнтӕм гӕсгӕ, ацы бӕстыхай гъӕдджын ӕмӕ бындуронӕй сарӕзтой 1931 азы немыцӕгтӕ, уӕд дзы уыд цавӕрдӕр ӕнахуыр къазармӕтӕ.

Аннӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыта, уӕд бӕстыхаййӕ сарӕзтой ӕфсӕддон рынчындон, уый фӕстӕ ам уыд ӕмдзӕрӕндон. Фӕстӕдӕр цадӕггай хатӕнтӕ иу кодтой ӕмӕ дзы сырӕзт 20 фатеры.

Бӕстыхай бавзӕрста рӕстӕджы ӕгъатыр ӕндӕвдад, хӕстытӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0