Токаты Зауырбег: ирон адæмы геноцидæн Цæгат Ирыстоны нæй æмбæлон аргъ

© Из личного архива Заурбека ТокатиЗаурбек Токати
Заурбек Токати - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны Тæбæхсауты Болойы номыл паддзахадон академион театры актер Токаты Зауырбег радио Sputnik Хуссар Ирыстоны дзуры геноциды тыххæй
Токаты Зауырбег: ирон адæмы геноцидæн Цæгат Ирыстоны нæй æмбæлон аргъ

Сæдæ азы сӕххӕст ис ирон адӕмы геноцидыл ацы аз. Геноциды амӕттӕгты мысӕнӕн ацы аз бирæ мадзæлттæ цæуы. Æрæджы интернеты фæлгæтты апарах ис видеоæрмæг, цы ран Цæгат Ирыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл театры актер Токаты Зауырбег бадзырд арвыста Цæгат Ирыстоны-Аланийы къухдариуæгадмæ, цæмæй æмбæлон аргъ скæной ирон адæмы геноцидæн.

"Мæхæдæгæй хæрз æрæджы базыдтон, ирон адæмы хуссар фарсыл цы стыр зиан æрцыди 1920 азты, уый", - загъта Зауырбег.

Токаты Зауырбег сагъæс кæны, ацы геноцидæн кæй нæй æмбæлон аргъ Цæгат Ирыстоны.

"Дзæуджыхъæумæ куы бакæсай, уæд дзы бердзены геноцидæн ис цыртдзæвæн, æмæ мæм уый диссаг фæкаст. Уый фæдыл мæхицæн загътон, зæгъгæ арвитдзынæн бадзард нæ хицауадмæ, цæмæй ирон адæмы геноцидыл цыртдзæвæн арæзт æрцæуа", - банысан кодта Токаты Зауырбег.

Актер ма бакатай кодта, ацы аз геноциды мысæн азы иу паддзахадон мадзал дæр кæй нæ æрцыд арæзт Цæгат Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0