Цхинвалы ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй аргъӕвтой фоторавдыст "Сушка"

© Sputnik / Наталья АйриянФоторавдыст "Сушка"
Фоторавдыст Сушка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз фоторавдыст "Сушка" цӕуы Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕм хатт, уый уыдзӕн нывонд Стыр Уӕлахизы 75 азӕн

ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фоторавдыст, кӕцы фӕнд кодтой ауадзын 24 июлы, аргъӕвтой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй. Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй хӕдахуыр ӕмӕ профессионалон къамисджытӕ хайад райсдзысты акцийы 31 июлы.

Фоторавдыст Сушка Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ссардта йӕхи аудитори: Цхинвалы уагъд цӕуы къамты равдыст "Сушка"

Амӕйразмӕ организатортӕ фехъусын кодтой, фоторавдыст "Сушка" кӕй цӕуы Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕм хатт, уый уыдзӕн нывонд Стыр уӕлахизы 75 азӕн. Равдыст байгом уыдзӕн 12.00 сахатыл ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 19.00 онг скверы Хетӕгкаты Къостайы цыртдзӕвӕны раз.

Проекты хъуыдымӕ гӕсгӕ, акцийы хайадисджытӕн фадат ис ӕрцауындзын бӕндӕныл сӕ куыстытӕ, сӕхицӕн та сӕ бон у ахӕссын ӕндӕр къамтӕ.

Организаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, равдыст ацӕудзӕн хӕларадон уавӕры. Кӕд хайадисджытӕн фӕзына проблемӕтӕ къамтӕ ныммыхуыр кӕнын кӕнӕ ӕндӕр фарстыты фӕдыл, уӕд сӕ бон у бадзурын фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты информацион хайадмӕ ацы номыртӕм: 8-929-804-71-62.

Ног хабӕртты лентӕ
0