Хицауад æмæ адæмы хсæн æхсæнылæгтæ: Хуссар Иры журналисттæ нысан кæнынц сæ бæрæгбон

© Sputnik / Мария ШелудяковаХуссар Иры журналисттæ
Хуссар Иры журналисттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры æнтыстджынæй кусынц дзыллон информацийы фæрæзты æппæт хуызтæ дæр: радио, телеуынынад, периодикон мыхуыр æмæ Интернет-агентадтæ

ЦХИНВАЛ, 23 июл – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы, 23 июлы нысан кæнынц Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон. Бæрæгбонæн йæ ратæдзæн цæуы дард 1906 азæй – уæд 23 июлы ирон æвзагыл рацыд фыццаг "Ирон газет". Уыцы датæ Хуссар Ирыстоны историйы ссис журналистикæйы сæндидзыны бон.

"Дзыллон информацийы фæрæзтæ бирæ азты дæргъы нæ республикæйы царды ахсынц ахсджиаг бынат. Нæ журналисттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой сæ хъайтардзинад, зын рæстæджыты информаци дæтгæйæ, се ‘нæниздзинад æмæ цард нывонд кæнгæйæ. Не ‘хсæнады цы фарстатæ цымыдис кæнынц, уыдонæй иууыл актуалондæр, лæмбынæгдæр фарстатæн дзуапп кæнгæйæ", - зæгъы газет "Хурзæрин"-ы кусæг Гæбæраты Мадинæ.

Журналисттæ аразынц цæрджыты æмæ хицауады ‘хсæн диалог, адæмы æмæ республикæйы проблемæтæ æргом кæнынц объективон æгъдауæй.

Оператор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Объективон цӕстӕнгас ӕмӕ цӕсгомджын куыст: Бибылты Анатолий Хуссар Иры ДИФ куысты тыххӕй

Журналистæй æрмæст дæсныдзинад, курдиат æмæ оперативондзинад нæ домдæуы рæстæгыл æмæ æргом информаци раттыны тыххæй, фæлæ æмбæстагон бæрндзинад, рæстæгимæ иумæ æмдзу кæнынмæ тырнындзинад, æрмæджытæ бацæттæ кæныны сфæлдыстадон арæхстдзинад.

"Журналистæн бæрæгбоны дæр æнæ куыстæй уæвæн нæй. Дзыллон информацийы фæрæзты фæллойгæнджытæн сæ хæстæ баззадысты æнæивгæйæ - адæммæ хабæрттæ раст æмæ афоныл хæццæ кæнын", - банысан кодта ДИФ минæвар Тъехты Алла.

Хуссар Иры æнтыстджынæй кусынц дзыллон информацийы фæрæзты æппæт хуызтæ дæр: радио, телеуынынад, периодикон мыхуыр æмæ Интернет-агентадтæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты республикæйы ныхмæ расидтысты æцæг информацион хæст. Хъуыдис ын аккаг дзуапп радтын. Уыцы хæс æрæнцад республикæйы журналисттыл. Æххæст æй кодтой, сæ цардæн тæссаг куы уыдис, суанг ахæм рæстæджыты дæр. Уыцы хъазуатон адæмы нæмттæ ныр дæр бæрæг дарынц Хуссар Ирыстоны хабархæсджыты азфысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0