Уӕрӕсе радта Хуссар Ирӕн тӕссаг фыдгӕнӕджы, кӕцыйы азымджын кӕнынц амарын ӕмӕ бабырсты

© Flickr / ndlonУӕрӕсе радта Хуссар Ирӕн тӕссаг фыдгӕнӕджы, кӕцыйы азымджын кӕнынц амарын ӕмӕ бабырсты
Уӕрӕсе радта Хуссар Ирӕн тӕссаг фыдгӕнӕджы, кӕцыйы азымджын кӕнынц амарын ӕмӕ бабырсты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзапарты Тимуры ӕркодтой республикӕмӕ Генералон прокуратурӕйы домӕнмӕ гӕсгӕ уголовон хъуыддӕгты барадон ӕххуысы фӕдыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕхсӕнпаддзахадон бадзырды фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейӕ сэкстрадици кодтой республикӕйы ӕмбӕстаджы, кӕцыйы азымджын кӕнынц амарын ӕмӕ бабырсты, кӕцытӕ уый сӕххӕст кодта 2002 азы, хъусын кӕны РХИ Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, дзырд кӕй цӕуы 39-аздзыд Дзапарты (Джапаридзе) Тимурыл. Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 18 азы размӕ фыдгӕнджыты къорды сконды уый сӕххӕст кодта бабырст "Фӕллой" базары цур Цхинвалы. Бабырсты фӕстиуӕгӕн амард Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусӕг Кокойты Роман, йӕ коллегӕ Мулдарты Виталий райста цӕфтӕ.

"Фыдракӕнд саразыны фӕстӕ Дзапарты Тимур ацыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийӕ. Фӕдагуырды информацимӕ гӕсгӕ, Дзапарты Тимур бирӕ рӕстӕг ӕмбӕхст Гуырдзыстоны территорийыл, уыд хорз ахастыты Гуырдзыстоны ӕфсӕддон-политикон къухдариуӕгадимӕ, афтӕ ма уыд Гуырдзыстоны экс-президент Михаил Саакашвилийы сӕрмагонд хъахъхъӕнынады. Гуырдзыстоны къухдариуӕгады фӕивыны фӕстӕ, фыдгӕнӕг раивта йӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕ, ацыд УФ территоримӕ, йӕхи ныффыста Бететы Таймуразӕй ӕмӕ ӕмбӕхст Мӕскуыйы областы поселоктӕй иуы, цы ран ӕй ӕрцахстой 2019 азы 27 ноябры", - радзырдтой Генералон прокуратурӕйы.

Фыдгӕнӕджы Уӕрӕсейы территорийыл ӕрцахстой уголовон фӕдагуырды оперативон кусджытӕ РХИ ӕмӕ УФ Мидхъуыддӕгты министрӕдты иумӕйаг информацион-координацион центры домӕнмӕ гӕсгӕ.

Дзапарты Тимуры бакодтой ахӕстоны, йӕ фӕдыл уголовон хъуыддаг сног кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0