Хуссар Иры рынчындонӕй рафыстой ноджы дыууӕ адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 87 сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ноджы дыууӕ адӕймаджы сӕнӕниз сты коронавирусӕй, уыдоны ныридӕгӕн рафыстой рынчындонӕй, загъта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц дыууӕ адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ.

"Ивгъуыд улӕфт бонты ног рынчынты нӕ рабӕрӕг кодтам. Цыппар рынчынӕй, кӕцытӕ цыдысты хоскӕнынад рынчындоны, дыууӕйы рафыстой ивгъуыд сабаты. Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, стационары сты дыууӕ адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын карантины сты 194 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 87 сӕнӕниз сты. Республикӕйы ауагътой 3300 басгӕрстӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0