ЦХИНВАЛ, 27 июл – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты машинæтæ дзæвгар кæй фæфылдæр сты, æмæ иуæй-иутæ сæ машинæтæ тротуартыл кæй бауромынц, уый бирæбæрцæй тыхсын кæны фистæгæй цæуджыты. Ныры дуджы бинонтæн иу машинæ фаг нал у, сæумæрайсом æмæ изæры – куыстмæ цæуын æмæ фæстæмæ здæхыны афон армыдзаг горæты машинæтæй азмæлæн нал вæййы.
Паддзахадон автоинспекцийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны ис 20 мин хæдтулгæйы. Уым ма банысан кодтой, фондз азы размæ республикæйы хæдтулгæты нымæц кæй уыд æрмæстдæр 12 мины.
Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты æхсæвæй-бонæй машинæтæй ахизæнтæ нæй. Суанг ма сæ тротуартыл дæр æвæрынц. Кардзыд адæм æмæ сывæллæтты цæуын фæхъæуы машинæты фæндагыл, уым та тынг тæссаг у, исты фыдбылыз куы ‘рцæуа, уымæй. Сæ машинæтæ ма сæвæрынц корпусты тæккæ бахизæнты цур дæр. Ууылты цæугæ нæ, фæлæ куыд фæзæгъынц, машинæйæ хæдзары ’хсæн, судзины фæдзæл дæр нал аласдзынæ...
Хуыцау бахизæд, фæлæ зынгсирвæзт куы æрцæуа, уæд дзы зынгхуыссынгæнæн машинæтæн бацæуæн дæр нал уаид. Афтæ тагъд медицинон æххуысы машинæ дæр.
Шофыртæ бавдæлынц æмæ сæ машинæтæ цалдæр хæдзары æддæдæр ныууадзынц. Иудзырдæй, бынат кæм ссарынц, уым.
"Зонæм æй, раст кæй нæ кæнæм, уый. Уаг халын дæр нæм нæ цæуы, кæй нын бауайдзæф кæнынц, уый дæр нæм хæрам нæ фæкæсы. Фæлæ нын æндæр гæнæн нæй – нæй нæм сæрмагонд парковкæтæ", - загъта вокзалгæрон уынджы цæрджытæй сæ иу.
Адæмæн ис, кæм не ‘мбæлы, ахæм ран æвæрд транспортон фæрæзты хицæуттыл мидхъуыддæгты хайадмæ кæнæ цæрæн бынаты администрацимæ бахъаст кæныны бар. Фæндæгты змæлд гуымирæй чи халы, уыдон се ‘ппæт дæр хъуамæ цæуой карз æфхæрд, цыфæнды стыр чиновник, стæй кæйдæр хион куы уа, уæддæр.
"Дуканиты цур уæгъд бынат нал баззайы æмæ дзы машинæтæй ахизæн нал вæййы. Æдзæсгомдæр чи у, уый йæ машинæ батæры суанг фистæгæй цæуджыты фæндæгтæм дæр", - зæгъы горæты цæрæг Хъуылымбегты Галина.
Кæд Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сæ цæст дарынц фæткхалджытæм, аразынц рейдтæ æмæ профилактикон мадзæлттæ, уæддæр республикæйы цæрджыты фылдæр хай не ‘ххæст кæнынц фæндæгтыл цæуыны фæткойтæ.