Ирон изӕр Къостайы скверы: куыд сарӕзта Цхинвалы фӕсивӕд "Ирон хъазт"

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт" Къостайы скверы
Ирон хъазт Къостайы скверы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы инициативон фӕсивӕд ивгъуыд изӕр сорганизаци кодта националон кӕфтытӕ ӕмӕ зарджыты изӕр

ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Массон кафт симд, афтӕ ма авторон ӕмӕ адӕмон зарджытӕ сӕххӕст кодтой Цхинвалы фӕсивӕд, кӕцытӕ ӕрӕмбырд сты Къостайы скверы ивгъуыд изӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт" Къостайы скверы
Ирон изӕр Къостайы скверы: куыд сарӕзта Цхинвалы фӕсивӕд Ирон хъазт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирон хъазт" Къостайы скверы

Фӕстаг рӕстӕджы фӕсивӕды хсӕн популярон ссис "Ирон хъазт", цы ран ӕвзонг цхинвайлӕгтӕ ӕвдисынц кафын ӕмӕ ирон музыкалон инструменттыл цӕгъдыны куырдиат.

Ивгъуыд изӕр райдыдта зарӕггӕнджытӕ Кокойты Анна ӕмӕ Хъодалаты Марияйы зарджытӕй. Уый фӕстӕ Гаглойты Алан цагъта дала-фӕндырыл ӕмӕ ӕххӕст кодта адӕмон зарджытӕ. Кӕсджыты зӕрдӕ балхӕдта йӕ ралӕудӕй музыкант Гуыцмӕзты Инна дӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт" Къостайы скверы
Ирон изӕр Къостайы скверы: куыд сарӕзта Цхинвалы фӕсивӕд Ирон хъазт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирон хъазт" Къостайы скверы

Националон изӕр ауадзыны хъуыды фӕзынд ХИПУ-йы студентон советы сӕрдар Кокойты Анна ӕмӕ зарӕггӕнӕг Хъодалаты Мариямӕ. Кокойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал сорганизаци кӕнынӕн сын баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты къухдариуӕгад.

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт" Къостайы скверы
Ирон изӕр Къостайы скверы: куыд сарӕзта Цхинвалы фӕсивӕд Ирон хъазт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирон хъазт" Къостайы скверы

"Махмӕ рагӕй уыд ацы хъуыды. Мах уыдтам, куыд уадзынц ахӕм изӕртӕ Цӕгат Ирыстоны, ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам бафӕлварын. Уый фӕстӕ бадзырдтам Гаглойты Аланмӕ, кӕцы иттӕг хорз цӕгъды националон инструменттыл – уый хорзыл банымадта нӕ хъӕппӕрис. Хайадисджытӕ иууылдӕр цыбыр ӕмгъуыдмӕ бацӕттӕ кодтой сӕхи изӕрмӕ. Зарджытӕ иууылдӕр ӕххӕст кодтам ирон ӕвзагыл", - загъта Кокойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнхъӕл нӕ уыдысты, "Ирон хъазт" афтӕ тынг кӕй фӕӕцӕудзӕн фӕсивӕды зӕрдӕмӕ.

"Махмӕ ахӕм хъуыды дӕр уыд, фӕсивӕды зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ нӕ бафӕнддзӕн хайад райсын, фӕлӕ уыдон тынг зӕрдиагӕй ӕрбаиу сты кӕфтытӕм. Знонӕй фӕстӕмӕ нӕм дзурынц, цӕмӕй ахӕм мадзӕлттӕ арӕхдӕр уадзӕм", - бафтыдта Кокойты Анна.

"Ирон хъазт" ногӕй кӕд ауадздзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу, фӕлӕ организатортӕ дзырд радтой, Цхинвалы фӕсивӕд уый тыххӕй фыццаг кӕй базондзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0