Хуссар Иры МХМ сӕрдар саргъ кодта йӕ кусджыты архайдӕн COVID-19 ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тохы

© Sputnik / Наталья АйриянНаниты Игорь
Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны сӕргълӕууӕг саргъ кодта барадхъахъхъӕнӕг органты куыстӕн 2020 азы ӕхсӕз мӕйӕн, министр къуырисӕры байхъуыста йӕ кусджыты хыгъдлӕвӕрдмӕ

ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь банысан кодта, милицийы кусджытӕн кӕй ис хорз фӕстиуджытӕ коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта къуырисӕры фыццаг ӕрдӕг азы хатдзӕгты фӕдыл рабадтыл.

"Карантинон мадзӕлтты рӕстӕджы сӕйраг уӕз уыд мидхъуыддӕгты органты кусджытыл, ӕмӕ абоны боны онг дӕр уагдоны кусджытӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уагдоны алы дӕлхайад дӕр активон хайад исы цӕрджыты коронавирусӕй бахъахъхъӕныны мадзӕлтты", - хъусын кӕны Наниты Игоры ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Афтӕ ма министр банысан кодта, республикӕйы кӕй фӕкъаддӕр фыдракӕндты нымӕц.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ фыдракӕнд ӕмӕ дыууӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ къуырийы уавӕры тыххӕй

"Республикӕйы фыдракӕндты нымӕц кӕй фӕкъаддӕр, уый ӕвдисы, мах кӕй кусӕм раст здӕхтыл. Мах нӕ тыхтӕ дарддӕр ратдзыстӕм республикӕйы барадон фӕтк бахъахъхъӕнынмӕ", - загъта Наниты Игорь.

Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады хыгъдлӕвӕрдон рабадтыл банысан кодтой, 2020 азы фыццаг хайы фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад кӕй у 94,7%, фарон азы ацы периодмӕ бӕрӕгкӕнынад уыд 88,8%. Знауыры районы ӕрдӕг азмӕ ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, уыдон раргом кодтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕ. Ацы аз ӕхсӕз мӕймӕ Дзауы районы ӕрцыд цыппар фыдракӕнды – 50% къаддӕр 2019 азмӕ абаргӕйӕ. Ленингоры районы ацы рӕстӕгмӕ не рцыд фыдракӕндтӕ.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы территорийыл ӕрцыд 29 фыдракӕнды, уыдонӕй 26 раргом кодтой. Фарон Цхинвалы милици сбӕрӕг кодта 10 фыдракӕнды фылдӕр, уыдонӕй аст нӕ раргом кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0