Цæгат Иры иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ

© Пресс-служба ГУ МЧС по РСО-АЦæгат Иры иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ
Цæгат Иры иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхдымгæ æмæ тæрккъæвдатæ Дзæуджыхъуы афæлдæхтой бæлæстæ æмæ æрхастой зиан горæты инфраструктурæйæн

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы къуырисæры æхсæвы æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн рафæлдæхтысты цалдæр бæласы, кæцыдæр районтæ та баззадысты æнæ электроифтонгадæй, хъусын кæны 15 регион. 

Тыхымгæ ма сæйраг горæтæй дарддæр аскъуыдта рухсы телтæ Горæтгæрон, Рахизфарс, Кировы æмæ Мæздæджы районты кæцыдæр хъæуты дæр.

Банысангонд æрцыд, иууыл фылдæр зиан æвзæр боныгъæд кæй æрхаста Дзæуджыхъæуы Сæудæджерадон æмæ Цæгат-Ныгуылæйнаг районтæн. Ирыстойнаг районы та тыхдымгæ бахъыгдардта фылдæр бæрцæй йæ центр.

Коммуналон кусджытæ æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ æрæвнæлдтой уайтагъд æхсæвы.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Дом на ул. Владикавказской, 71 после сильного ветра остался без крыши

Публикация от ЧП / ВЛАДИКАВКАЗ 🔞1️⃣ (@chp_vladikavkaz)

"Райсом 5 сахатыл техникæ иууылдæр рахызт куыстмæ, гаражты иу машинæ дæр нал ис. Ныры онг уал аиуварс кодтой тыхдымгæйы фæстиуджыты 70%, боны кæронмæ куыстытæ иууылдæр хъуамæ фæуой", - хъусын кæны портал "Спецэкосервис"-ы директор Рустама Козыревы ныхæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0