ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуы иу пациент коронавирусы диагнозимӕ, ног рынчынтӕ нӕ рабӕрӕг кодтой, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Абоны бон стационары хоскӕнынад цӕуы иу адӕймаг. Уый у медицинон кусӕг, кӕцы уый размӕ куыста "сырх зонӕйы". 28 июлы лабораторийы сарӕзтой 70 басгӕрсты, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ", - загъта Гаглойты Анна.
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы ауагътой 3,5 мин тестӕй фылдӕр. Карантины медикты хъусдарды бын сты 150 ӕмбӕстаджы.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 88 сӕнӕниз сты.