ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бавдыста Уæлвæткон уавæрты министрады коллективæн уагдоны сæргълæууæджы ног хæдивæджы, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Ацы бынат уыд вакантон фарон ноябрæй фæстæмæ, ивгъуыд къуырийы кæрæтты президент афыста барамынд министры хæдивæгæй Санахъоты Русланы снысан кæныны фæдыл.
Бибылты Анатолий банысан кодта ног снысангонд хæдивæджы фæлтæрддзинад, куыстмæ бæрнон ахаст æмæ йый йæ цæст бауарзта æнтыстытæ ног бынаты.
Бæстæйы сæргълæууæг ма уымæй дарддæр аныхас кодта уагдоны кусджытимæ æмæ банысан кодта, райгонд кæй у сæ куыстæй. Президент ма йæ хъус аздæхта, хуссарирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ сæ куысты цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уыдонмæ дæр.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, УУМ ис проблемæтæ дæр. Вæййынц фæлывд фæсидтæ дæр, афтæ ма ахæм цаутæм фæсидтæ, кæцытæ сымах куыстмæ нæ хауынц. Уыдон расайынц уæлдай хæрдзтæ, техникæйы æфхæрд, хисæрмагонд сконды фæстиæттæ æмæ æндæр проблемæтæ. Бузныг уын уæ зын куысты тыххæй æмæ уæ къухты æфтæт æнтыстытæ", - загъта уый.
Бибылты Анатолий баныфс æвæрдта, "кæй цæуынц бадзырдтæ уæрæсейаг коллегæтимæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй".