ӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн
ӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕркаст республикӕйы медицинон организациты материалон-техникон базӕтӕ фӕхуыздӕр кӕныны фарстмӕ

ЦХИНВАЛ, 30 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) коллегийыл ӕртыццӕджы ӕрдзырдтой ангиографион комплекс балхӕнын ӕмӕ медорганизацитӕ туаггуырӕй сифтонг кӕныныл, афтӕ ма медицинон ӕвзарӕнты утилизацийы фарстыл.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ адарддӕр кодтой августы кӕронмӕ

ӔХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Зассеты Ӕхсар куыд радзырдта журналисттӕн, афтӕмӕй фӕстаг ӕзты сарӕзтой ног хоскӕнӕн уагдӕттӕ, афтӕ ма балхӕдтой ифтонггарз. Фӕлӕ медицинон ӕххуыс сӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы фӕтыхджындӕр кӕнын медицинон организациты материалон-техникон базӕ.

"Фыццаг ахсджиаг фарст у ангиографион комплекс балхӕнын. Уымӕн ӕмӕ рынчынты 65 процентӕн, кӕцытӕ ацӕуынц хоскӕнынмӕ фӕсарӕнтӕм – вӕййы зӕрдӕимӕ проблемӕтӕ. Ацы комплекс нӕм куы уа, уӕд фарст скъуыддзаг кӕндзыстӕм бынаты. Уыдон сты зынаргъ аппараттӕ, ӕмӕ уый фӕдыл Уӕрӕсейы ӔХМ бадзырды фӕстӕ бахӕсдзыстӕм ацы фарст Инвестицион нывӕзтмӕ", - банысан кодта уый.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады дыккаг ахсджиаг проблемӕ у туаггуыр ӕрласынимӕ зындзинӕдтӕ.

"Туаггуыр мах ласӕм Цӕгат Ирыстонӕй. Ацы баллонтӕ ласыны рӕстӕджы фӕзыны техникон зындзинӕдтӕ. Махмӕ бадзырдта организаци, кӕцы нын сӕвӕрдзӕн комплекс. Ӕмӕ уый фӕстӕ медицинон центры организацитӕ иууылдӕр ифтонг уыдзысты сертификацигонд туаггуырӕй", - загъта Зассеты Ӕхсар.

Министрады ӕртыккаг ахсджиаг фарст у медицинон ӕвзарӕнты утилизаци.

"Уый у стыр проблемӕ. Мах балхӕдтам пец, кӕцы сӕвӕрдтой республикон бирӕпрофилон медицинон центры территорийыл, фӕлӕ уый фаг нӕу, цӕмӕй медицинон ӕвзарӕнтӕ иууылдӕр утилизаци кӕной", - загъта Зассеты Ӕхсар.

Уый банысан кодта проблемӕйы дыууӕ скъуыддзаджы – ласын ӕвзарӕнтӕ ӕмӕ сӕ куынӕг кӕнын ӕндӕр бынаты, кӕнӕ та балхӕнын уӕлӕмхасӕн аппаратурӕ.

Цхинвалы ӕртыццӕджы ацыд республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады коллегийы рабадт. Министрады къухдариуӕгад бавдиста докладтӕ уагдоны сӕйраг проблемӕты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0