Хуссар Иры богал стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсӕмӕг
Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг Зассеты Арсӕмӕг у республикӕйы цӕттӕдӕр архайгӕ богал

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг, дунейы чемпион Зассеты Арсӕмӕг йӕхи сфӕлвардзӕн Уӕрӕсӕйы чемпионаты, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Коцты Тамерлан.

Уӕрӕсейы чемпионат ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы 9-11 октябры, раздӕр ерыстӕ нывӕндысты ауадзын апрелы Улан-Удэйы, фӕлӕ коронавирусы пандеми ныффӕстиат кодта ерыстӕ.

Зассеты Арсæмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуамæ бафæразай: дунейы чемпион Зассеты Арсæмæг йе 'нтысты тыххæй

"Нӕ цӕттӕ фӕсивӕд архайдзысты Уӕрӕсейы фыццагады. Дзӕуджыхъӕу ӕрфысым кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионат фӕззӕджы ӕмӕ нӕ дунейы чемпион Зассеты Арсӕмӕджы сфӕлвардзыстӕм хистӕрты ерысты. Цӕмӕй лӕппуйӕн фӕлтӕрддзинад фӕзына ацы ӕмвӕзады, фидӕны уый хъуамӕ ам иса йӕ сӕйраг хорзӕхтӕ", - загъта тренер.

Коцты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсивӕды хсӕн та стох кӕндзысты Бестауты Андрей ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан.

Ног хабӕртты лентӕ
0