Кокойты Мария: Тугъанты Махарбеджы "Расстрел 13 коммунаров" æвдисы æнæбасæтгæ хъару

© Sputnik / Natalia Airiyan Кокойты Мария
Кокойты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг нывгæнæг Кокойты Мария радио Sputnik Хуссар Ирыстоны радзырдта Тугъанты Махарбеджы ныв "Расстарел 13 коммунаров"-ы тыххæй

Кокойты Мария: Тугъанты Махарбеджы ныв "Расстрел 13 коммунаров" æвдисы æнæбасæтгæ хъару
Ирон адæмы геноцидыл радио Sputnik-ы алæвæрдты бирæ сæрмагонд историтæ фехъуыстам, уымæн æмæ уыцы трагедийы амæттаг чи нæ фæци, ахæм бинонтæ стæм ис ссарæн ирон адæмы æхсæн. Геноцид æвдыст æрцыд фысджыты, историкты æмæ нывгæнджыты куыстыты. Уымæн ирд æвдисæн у Тугъанты Махарбеджы ныв - "Расстрел 13 коммунаров" дæр, кæцы, стыр хъыгагæн, фесæфт. Кокойты Мария куыд загъта, афтæ ацы нывы фесæфт дæр у символикон.

"Тугъанты Махарбегæн цалдæр варианты баззад ацы нывы къамтæ, фæлæ оригинал цыхуызæн уыд, уый рæстмæ ничиуал зоны. 2011 азы рабæрæг нывы сæфт, æмæ мæм худинаг дæр кæсы, куыд хъуамæ фесæфтаит ахæм хæзна", - загъта Мария.

Мария банысан кодта, ацы ныв кæй баззад къамты æмæ йыл куыд хуызфыссынад афтæ дзурын зын у, уымæн æмæ Махарбеджы куыстытæн ис гæнæн аккаг аргъ скæнын йæ ахорæнты фæрцы.

"Марахбег йæ ахорæнты фæрцы æвдыста йæ æнкърæнтæ. Нывы къамистмæ гæсгæ нæ бон у зæгъын, кæй дзы ис энергетикон экспрессия", - бафиппайдта нывгæнæг.

Нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, Махарбег равдыста 13 коммунары хъæбатырдзинад æмæ сæ æнæбасæтгæ хъару.

Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0