Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх

© Пресс-служба Дзауского района Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх
Квайсайы модернизацигонд ӕрцыд донифтонгады хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ отстойник сарӕзтой ӕмӕ фидар рцыд сӕйраг объект - йӕ бетон уыд ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм ӕзты арӕзт ӕмӕ уыд мӕгуыр уавӕры

ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Къуыдаргомы центрмӕ модернизацигонд ӕрцыд донæй ифтонгады хахх Везур-Къуайса, фехъусын кодта Sputnik Къуайсайы разамонӕг Бӕззаты Геннадий.

Арӕзтадон куыстытӕ фыст уыдысты 2019 азы нывӕзты, фӕлӕ нырма балансыл ӕвӕрд не рцыд, чысыл баххӕстгӕнинӕгты аххосӕй.

"Дыууӕ отстойник сарӕзтой ӕмӕ фидар рцыд сӕйраг объект - йӕ бетон уыд ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм ӕзты арӕзт ӕмӕ уыд мӕгуыр уавӕры",- загъта горӕты мэр.
Къуаисайы аиуварс кодтой доны хæтæлы авари - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуаисайы аиуварс кодтой доны хæтæлы авари

Горӕтмӕ дон цы бынатӕй цӕуы, уый ныридӕгӕн федзӕрӕг, Къуайса у 9 километры дӕрддзӕф.

"Везурӕй доны хахх арӕзт ӕрцыд советон дуджы, йӕ дӕргъ у 9 километры. Ныридӕгӕн дӕр дзы пайда кӕнӕм, фӕлӕ ма чысыл бацаразинӕгты тыххӕй ист не рцыд балансмӕ",- бафтыдта уый

Арӕзтадон куыстытӕ ӕххӕст кодта Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад.

Ног хабӕртты лентӕ
0