Ирыстойнаг музыкант ссис дыууӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсы уӕлахиздзау

© Fotolia / Minerva StudioИрыстойнаг музыкант ссис дыууӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсы уӕлахиздзау
Ирыстойнаг музыкант ссис дыууӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсы уӕлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурстӕй сӕ иуы Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министрады сывӕллӕтты музыкалон скъолайы ахуыргӕнинаг рамбылдта дыууӕ номинацийы

ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik. Авдаздзыд Будайты Олан Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта дыууӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсы "Grand Talent" ӕмӕ "МоРеСоль"-ы, хъусын кӕнынц Дзӕуджыхъӕуы Адӕмон ног хабӕрттӕ.

Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг ӕвзонг стъалы Marsalana рауагъта ног зарӕг

"Grand Talent" конкурсы ӕвзонг музыкант рамбылдта гран-при номинаци "Духовые" ӕмӕ ссис фыццаг къӕпхӕны лауреат номинаци "Фортепиано"-йы. "МоРеСоль"-ы та Будайты Олан райста гран-при зарӕг "День Победы"-йы тыххӕй.

Конкурстӕ сорганизаци кодтой Мӕскуыйы, уыдон цыдысты дистанцион режимы.

Амӕйразмӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Харебаты Марта бавдыста йӕ фарсытыл социалон хызӕгты ног композици "Къуыдайраг лæппу" Хацырты Сергейы ӕмдзӕвгӕтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0