Цхинвалы цур хъӕуы фӕзындзӕн сабӕлут ӕмӕ ӕнгузы быдыртӕ

© allergiyainfo.ruСабӕлут
Сабӕлут - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы азы фыццаг хай ныссагътой цъусдӕр бӕлӕстӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ талатӕ ласынц Дзӕуджыхъӕуӕй

ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы районы Ереды хъӕуы ныссагътой сабӕлут ӕмӕ ӕнгузы бӕлӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны хъӕды хӕдзарады дӕлхайады хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Инал.

Цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чъерами тоннæтæй: цхинвайлаг фермер бацахста бынæттон базар

"Ереды хъӕуы бӕласдоны ныссагътой сабӕлуты 60 килограммы ӕмӕ ӕнгузы 25 килограммы", - загъта Къӕбулты Инал.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕдӕрмӕг ӕмӕ суджы фӕстауӕрцтӕ аразынӕн хицӕн ӕрцыдысты хъӕды территоритӕ.

"Хъӕдӕрмӕгӕн мах рахицӕн кодтам 701 кубометры, сугӕн та 681 кубометры. Хъӕдӕрмӕг реализаци кӕныны куыстыты фылдӕр хай ӕххӕст цӕуынц Дзауы районы", - банысан кодта Къӕбулты Инал.

Уый бахахх кодта, ацы аз кӕй среализаци кодтой сугты 406 кубометры. Хъӕдӕрмӕг ӕмӕ сугты реализацийӕ паддзахадон бюджетмӕ бацыд 442 мин 949 сомы. Фарон азмӕ абаргӕйӕ ацы аз сӕххӕст кодтой куыстыты цъусдӕр бӕрцуат Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ талатӕ ласынц Дзӕуджыхъӕуӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0