Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой 20 азы размӕ Цӕгат Иры дыууӕ цӕрӕджы адавыны тыххӕй

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæДзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой 20 азы размӕ Цӕгат Иры дыууӕ цӕрӕджы адавыны тыххӕй
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой 20 азы размӕ Цӕгат Иры дыууӕ цӕрӕджы адавыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнӕг ӕмбӕхст фӕдагуырдӕй 20 азы дӕргъы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой 2020 азы апрелы Республикӕ Адыгейы территорийыл

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрцахстой республикӕйы 41-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта адӕмы адавынмӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Наркопритон    - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны скуынӕг кодтой наркопритон

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2000 азы январы фыдгӕнӕг гарзджын къорды сконды адавта республикӕйы Горӕтгӕрон районы дыууӕ цӕрӕджы, кӕцыты уый фӕстӕ аластой хӕстӕг республикӕйы территоримӕ ӕмӕ сӕ дардтой уым цалдӕр боны дӕргъы. Уыдоны ссӕрибар кӕныны тыххӕй фыдгӕнджытӕ домдтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ.

Фыдгӕнӕг ӕмбӕхст фӕдагуырдӕй 20 азы дӕргъы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой 2020 азы апрелы Республикӕ Адыгейы территорийыл.

Нӕлгоймагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы 12 азы онг ахӕст.

Ног хабӕртты лентӕ
0