Геноциды темӕ скъоладзауты сфӕлдыстады: Хуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр
Хуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Изӕрмӕ хуынд ӕрцыдысты Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ, литературæйы фадыджы фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахӕм скъоладзаутæ ӕмӕ ӕндӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 4 авг– Sputnik, Дриаты Лейла. "Ирон адæмы геноциды 100 азы" – ахӕм темӕйыл Хуссар Национ музейы уагъд æрцыд мадзал скъоладзаутӕн. Бацӕттӕ йӕ кодта Цхинвалы 3-аг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бекъойты Майа.

Изӕрмӕ хуынд ӕрцыдысты  Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ, литературæйы фадыджы фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахӕм скъоладзаутæ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Мадзалы райдианы йæ раныхасы музейы директор Зассеты Мераб банысан кодта, зæгъгæ, æнæ истори зонгæйæ нæй фидæнмæ фæндаг.

"Бирæ фыст æрцыд нæ ирон адæмы хъизæмæрттыл. Цал æмæ цал геноцид бавзæрстам Гуырдзыстоны æрдыгæй, куынæг нын кодтой нæ раззагон адæймæгты æнæаххосæй, ирæттæ кæй уыдысты, æрмæстдæр уый тыххæй. Нæ ирон адæмы размæцыдæн Гуырдзы æвæрдтой алыгъуызон ныхдуртæ. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй агура æрмæджытæ ацы темæйыл æмæ сæ гæххæттыл фыстæй адæттæм нæ кæстæртæм - уадзмӕ зоной, цы тухитæ бавзæрстой сæ адæм", - загъта музейы директор.

Уый банысан кодта, геноциды тыххæй музейы кӕй сарӕзтой сæрмагонд къуым, цы ран æвæрд цæудзысты ацы геноцидимæ баст экспонаттæ.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр
Геноциды темӕ скъоладзауты сфӕлдыстады: Хуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры музейы ацыд мысӕн изӕр

Мадзалы организатор Бекъойты Майа бакаст йæхи фыст æмдзæвгæтæ æмæ радзырдта, геноциды азарæй йæ бинонтыл цы фыдтæ æрцыд, уыдоны тыххæй.

"Мæ фыд-иу мын дзырдта, йæ фыды фыд Джеры комы зындгонд кæй уыд. Дардта бирæ фос, уыд æм æхца дæр. Гуры цы æлдар бадт, уый дзы айста хæс, фæлæ йын сæ фæстæмæ нал лæвæрдта æмæ йæ амардта.Уыцы цау уыд 1920 азтæм хæстæг, мæ дадайы фыды, кæй зæгъын æй хъæуы, æрцахстой. Йæ бинонтæ та сæхи бааууон кодтой. Джогъелийы æфсад схæццæ сты нæ хъæумæ дæр, ахастой сын сæ мулк. Мæ фыд-иу арæх æрымысыд, къаннæг дам уыдтæн мæхæдæг дæр, фæлæ йæхицæй къаннæгдæр хойыл цыд иу мæй, афтæмæй йæ йæ мад фæхаста хæхты сæрты", - радзырдта ахуыргӕнӕг.

Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн

Бекъойты Майа ма ӕрхаста ноджы цалдæр хабары йæ хæдзарвæндаджы историйæ. Уыдон иууылдæр уыдысты трагикон æмæ зæрдæмæхъаргæтæ.

Поэтессæ Чехойты Оля дæр бакаст йæхи фыст æмдзæвгæтæ. Уый канд 1920 азы геноцидыл нæ дзырдта йе ‘мдзæвгæты, фæлæ ма уый фæстæ азты дæр куыд цагътой æнæаххос адæмы, Хуссар Ирыстоны территорийæ "сыгъдæг быдыр" саразынмæ куыд хъавыдысты, уыдӕттыл.

Публицист Наниты Асиат та куыд загъта, афтæмæй уый æппынæдзух архайы, цæмæй йæ иувæрсты ма аирвæрза иунæг цау дæр, кæцыйы дзырдæуы ирон адæмы геноцидыл. Уыцы цаутæ чиныджы æмбырдгондæй сæ рæстæджы рацыдысты 2 томæй.

Бекъойты Майайы ахуыргæнинӕгтӕ бакастытсты куыд сӕхи фыст, афтӕ ӕндӕр ӕмдзӕвгӕтӕ, сæххæст кодтой гитарæимӕ ирон зарæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0