Хуссар Иры адӕмон нывгӕнӕджы бавæрдзысты Национ пантеоны

© Лев РыжковКӕсойты Лаврентий
Кӕсойты Лаврентий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кӕсойты Лаврентий суыдзæн æртыккаг гоймаг академик Джусойты Нафи æмæ Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къæбулты Зауыры фæстæ, кæцы йе ʻнусон бынат ссардзæн пантеоны

ЦХИНВАЛ, 5 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Адӕмон нывгӕнӕг, Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы директор Кӕсойты Павелы фырт Лаврентийы майрæмбоны бавæрдзысты Цхинвалгæрон Тулдзы къохы уæвæг Национ пантеоны, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.

Адæмон нывгæнæг 72 азы кары йæ цардæй ахицæн къуырисæры Мӕскуыйы, дæргъвæтин рынчыны фæстæ.

 Кӕсойты Лаврентийы равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уарзон ахуыргӕнӕг, хӕларзӕрдӕ ӕмгар, диссаджы нывгӕнӕг: куыд мысынц Кӕсойты Лаврентийы

"Культурӕйы министр сарӕзта ӕнхъарӕн, сӕрмагонд къамис аскъуыддзаг кодта адӕмон нывгӕнӕг Кӕсойты Лаврентийы бавӕрын Национ пантеоны. Уый суыдзӕн ӕртыккаг адӕймаг, кӕцы йе нусон бынат ссардзӕн нацийы хуыздӕр минӕвӕртты ингӕны", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Кӕсойты Лаврентий райгуырд Цхинвалы 1948 азы. Куыста хицӕн жанрты - хуызфыссынад, графикӕ ӕмӕ ӕндӕр здӕхӕнты. Йӕ куыстыты сюжеттӕ фылдӕр бӕрцӕй ист сты Нарты кадджытӕй, уымӕй уый дарддӕр кодта Тугъанты Махарбеджы традицитӕ. Аивӕдты лицейы кусгӕйӕ схъомыл кодта арӕхстджын нывгӕнджыты цалдӕр фӕлтӕры. Йӕ фӕстаг куыстыты нымӕцы ис Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры фойейы сфӕлыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0