ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ӕртыккаг къуыри нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй ног рынчынты. Ивгъуыд суткӕйы тесттӕ иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Фӕстаг фӕрынчынуӕвджыты тыххӕй уагдон фехъусын кодта 17 июлы. Рынчынты нымӕцы уӕд уыд медицинон кусӕг, кӕцы куыста "сырх зонӕйы".
"Уый ныры онг ис инфекцион хайады. Уый у иунӕг рынчын коронавирусӕй медицинон уагдоны. Ивгъуыд суткӕйы ног рынчынты не сбӕрӕг кодтам, 24 тесты радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ", - загъта Гаглойты Анна.
Медикты хъусдарды бын карантиныл сты 164 адӕймаджы. Уыдонӕй ӕхсай ӕрцыдысты дыццӕджы ФХМ хаххыл, ноджы ӕрдӕг сӕдӕ адӕймаджы ӕрыздӕхдзысты Хуссар Ирыстонмӕ ӕртыццӕджы.
Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.