"Мӕ куысты бавæрын мæ уд": Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг

© Из личного архива Лейлы ДриаевойТедеты Аланӕйы куыстытӕ
Тедеты Аланӕйы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызджы бæллиц у, цæмæй сын æрæджы Дзауы районы цы ног фатер радтой, уым сæ уазæгдон хатæны сæвæрой, цармæ чи æххæсса, ахæм егъау, йæхи къухтæй быд рæсугъд бæрзбæлас. Уый йæ бинонтæн уыдзæнис йæ зынаргъдæр зæрдылдарæн лæвар

ЦХИНВАЛ, 5 авг– Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны фæсивæды ‘хсæн фæстаг ӕзты тынг апарахат бисерæй бийыны хъуыддаг. Бакодтой дзы бирӕнымӕц кружоктæ, уымæ гæсгæ ныридæгæн уыцы хъуыддагыл лæуд чи у, уыцы къухджын адæймæгты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны.

Ацы ног хъуыддагмæ се ‘ргом аздæхтой куыд æрыгон, афтæ фæлтæрд хуыйджытæ æмæ бийынмæ чи рæхст, уыдон дæр, æмæ сын æнтыстытæ дӕр ис. Се сфæлдыстадæн фенæн вæййы дуканиты, равдыстыты, бирæтæ та сæ заказмæ гæсгæ фæуæй кæнынц.

Ахæм хъуыддагыл лæуд у не ‘мбæстаг чызг, курдиатджын æрмдæсны Тедеты Аланæ. Уый ныридæгæн социалон хызæгты руаджы базыдтой, аивады ацы хуызмæ чи цымыдис кæны, уыцы бирæнымæц аргъгæнджытæ æмæ æлхæнджытæ.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойТедеты Аланӕйы куыстытӕ
Мӕ куысты бавæрын мæ уд: Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Аланӕйы куыстытӕ

Æрыгон чызг бисерæй бийыныл фæхæст, Гуфтайы скъолайы ма куы ахуыр кодта хистæр кълæсты, уæд. Уый-иу цы алыгъуызон рæсугъд æрмæджытæ сфæлдыста, уыдон кодта коллекци, цин сыл кодта йæ бинонтимæ, йе ‘мбæлттимæ. Скъоладзау чызджы фыццаг куыстытæн аргъгæнæг уыд йæ кружокы ахуыргæнæг Джиоты Ирина.

Аланæйы бирæ разæнгардгæнджытæ уыдис æмæ абон ахæм архайдыл лæуд кæй у, ууыл фæсмон нæ кæны, хæссы йы пайда, куыд моралон, афтæ материалон æгъдауæй дæр. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй чысылæй фæстæмæ уарзы ныв кӕнын. 2008-æм азы хæсты фæстæ Гуфтайы хъæуы цы ног рæвдауæндон бакодтой, уым лæвары хуызы сывæллæтты хатæнты къултыл Аланæ сныв кодта аргъæуттæй ист цымыдисон æмæ хуызджын нывтæ.

"Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд нæм бакодтой бисерæй бийыны кружок. Уæды онг никуы федтон бисерæй бийгæ. Куы бакастӕн, цæхæркалгæ бисерæй цы рæсугъд æрмæджытæ гуыры, уæд уайтагъд мæ зæрдæмæ фæцыдис йемæ архайын. Фыццаг мах райдыдтам чысыл бæлæстæ бийын æмæ мын йæ саразын куы бантыст, уæд дзы райстон стыр æхцондзинад. Фæндыдис-иу мæ, æппынæдзух куы бадтаин æмæ бисеримæ куы архайдтаин, уый", - зæгъы Аланæ.

Уæд чызг бахызт интернетмæ æмæ дзы ссардта уӕлӕмхас уроктæ, кæцытæ уыдысты тынг цымыдисон, амыдтой бæстонæй бийын. Йæ цæст дзы фыццаг схæцыдис рæсугъд быд уардитыл.

"Балхæдтон, дидинæг саразынæн мæ цыдæриддæр æрмæджытæ хъуыд, уыдон æмæ æрæвнæлдтон мæ куыстмæ. Мæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ сæ уайтагъд райдыдтон, уым сæ куыд амыдтой, афтæ аразын. Афтæ сындæггай райдыдтон мæхиуыл кусын", - мысы ӕрмдӕсны.

Гæззаты Иваны куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Иван: архайын ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæнын

Афтæ хорз ӕмӕ тынг æнцонæй йын кæй рауад уарди дидинæг, уый ноджы тынгдæр баразæнгард кодта аивадуарзаг чызджы. Алыгъуызон дидинджытæ бийын сахуыр кæныны фæстæ Тедеты чызджы бафæндыд ацы æрмдæсныйады вазыгджындæр æрмæджытæ сахуыр кæнын æмæ райдыдта, метрæй фылдæры бæрзæнд чи уыдысты, ахæм бæлæстæ æмæ алыгъуызон дидинджытæ бийын. Уыдонæй-иу арæх балæвар кодта йæ хиуæттæн æмæ æмбæлттæн.

Аланæ йæ куыстыты спайда кæны бисеры ахæм хуызтæй æмæ адæймаджы цæстæнгас сæхимæ фелвасынц сæ аив нывæзтæй. Уыцы куыстыты автор бавæры куыд бисеры зынаргъдæр æмæ рæсугъддæр хуызтæ, афтæ йæ зæрдæйы уарзон ахаст йæ куыстмæ æмæ сæ уымæй скæны ноджы аивдæр. Куыд зæгъы, уымæ гæсгæ скъоладзау уæвгæйæ, цалдæр хатты хайад райста, Дзауы районы æмæ-иу Цхинвалы цы сфæлдыстадон конкурстæ æмæ равдыстытæ сорганизаци кодтой, уыдоны æмæ-иу ын жюрийы уæнгтæ æмбæлонæй саргъ кодтой. Бацахста-иу аккаг бынæттæ æмæ-иу ноджы амондджындæрæй йæхи банкъардта. Уæды Ахуырад æмæ зонады министр, дзæнæттаг Цыбырты Маринайы къухтæй райста йæ фыццаг хорзæх – Кады грамотæ æмæ хъарм, зæрдæбын арфæйаг ныхæстæ дæр.

"Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис ахæм равдыстыты хайад исын, уымæн æмæ ахъаз сты не сфæлдыстады дарддæры размæцыды хъуыддагæн. Сæйраджыдæр-иу дзы зонгæ кодтон æндæрты куыстытимæ, мæхицæн-иу дзы райстон пайда ногдзинӕдтӕ. Ссардтон дзы мæхицæн хæлæрттæ дæр", - хъæлдзæгæй дзуры Аланæ.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойТедеты Аланӕйы куыстытӕ
Мӕ куысты бавæрын мæ уд: Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Аланӕйы куыстытӕ

Чызджы бæллиц у, цæмæй сын æрæджы Дзауы районы цы ног фатер радтой, уым сæ уазæгдон хатæны сæвæрой, цармæ чи æххæсса, ахæм егъау, йæхи къухтæй быд рæсугъд бæрзбæлас. Уый йæ бинонтæн уыдзæнис йæ зынаргъдæр зæрдылдарæн лæвар.

"Мах тынг фæцин кодтам нæ ног фатерыл, уымæн æмæ нырмæ цардыстæм нæ хæстæджытӕм - нæхи хæдзар нын нæ уыдис. Нæ фатер у уæрæх æмæ райдзаст æмæ мæ фæнды, цæмæй йæ барæсугъд кæнон мæхи къухтæй конд бæрзбæласæй. Бирæ рæстæг ыл бахъæудзынæн, фæлæ уыдзæнис, цæстæвæрынæн чи фæуа, ахæм, - дзуры йæ фæндтæ Аланæ.

Бæлæстæ бийын, æрмдæсныйы ныхæстæм гæсгæ, зындæр у, рæстæг дæр сæ фылдæр хъæуы, фæлæ уыдоныл кусын йæ зæрдæмæ фæцыд тынгдæр, фылдæр арæхстдзинад кæй домы, уый тыххæй.

"Адæймаг ма сæ райсы фæлтæрддзинад, арфдæр фæкæнынц ацы фадыджы зонындзинæдтæ. Æнæуи та адæймагыл бисерæй бийыны хъуыддаг æндавы æвæрццагæй. Куы райдайын кусын, уæд мæ æппæт дæр айрох вæййы æмæ мæ куыстæй та райсын стыр æхцондзинад. Æххуыс ма у адæймаджы фантази æмæ хъуыдыкæнынадæн, æвæрццагæй æндавы нуæрттыл дæр. Уый канд æз нæ рахатыдтæн, фæлæ ма йæ фæзæгъынц фæлтæрд æрмдæснытæ дӕр", - зæгъы хæларзæрдæ чызг.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойТедеты Аланӕйы куыстытӕ
Мӕ куысты бавæрын мæ уд: Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Аланӕйы куыстытӕ

Аланæйæн куыддæр Инстаграмы ног куыстытæ фæзыны, афтæ сын уайтагъд фæзыны æлхæнджытæ. Райдианы, дыууæ азы размæ, интернеты Аланæ йæ куыстытæ куы равæрдта, уæд æм бынтондæр нæ уыдис ахæм хъуыды æмæ сæ уæй кæна. Фæлæ уыцы аив æмæ цымыдисон бисерæй конд æрмæджытæ адæмыл куы апарахат сты, уæд æм райдыдтой фыссын, зæгъгæ дзы рауæй кæн. Чызг æфсæрмы кодта йæ куыстытæ уæй кæнын, фæлæ йын зынаргъ кæй лæууыд се ‘рмæг, уый тыххæй сразы ис. Дуканиты ахæм уæййæгтимæ абаргæйæ сæ зынаргъ кæй нæ кæны, уый бæрæг у æмæ йын бирæ рæстæг нæ алæууынц. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уымæн фылдæр йæ куыстыты хицæуттæ свæййынц республикæйы цæрæг Уæрæсейы ӕмбæстæгтæ. Æлхæнынц сæ бынӕттонтӕ дæр.

"Фылдæр заказтæ райсын бæрæгбонты размæ нæлгоймæгтæй, уæлдайдæр 8-æм март æмæ Ног азы бæрæгбонмæ. Æдæппæтæй сарæзтон сæдæйæ фылдæр бисерæй быд æрмæджы", - загъта Аланæ.

Уый катай кӕны, карантины хъуыддаг кӕй бандæвта йæ куыстыл дæр, уымæн æмæ республикӕйы арæхæй не сты уæййаг чехаг бисертæ.

"Фæцæуын иу дуканимæ, уыдонмæ вæййы равзарæн алыгъуызон рæсугъд бисер, фæлæ ныр коронавирус кæй апарахат, уый тыххæй арæх нал æфтынц ног товар æрласынмæ, мæн фылдæр цы хуызтæ фæхъæуы, уыдон дзы нал сты æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсын се ‘рластмæ. Ацы бонты дæр сæ абæрæг кодтон, фæлæ нырма ницы райстой", - тыхсы чызг.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойТедеты Аланӕйы куыстытӕ
Мӕ куысты бавæрын мæ уд: Тедеты Аланӕйы рӕсугъд хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Аланӕйы куыстытӕ

Тедеты Аланæйы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг цы дæсныйад уарза, цы хъуыддагыл лæуд уа, уымæн йæ сусæгдзинæдтæ хъуамæ рæдауæй амона æндæртæн, сæйраджыдæр та сомбоны фæлтæрæн. Ныртæккæ йæхæдæг кусы Гуфтайы астæуккаг скъолайы хореографæй, уыцы хаххыл ахуырмæ дæр бацыдис Цхинвалы Æлборты Феликсы номыл ахуыргæнæндонмæ, хореографион хайадмæ. Ивгъуыд аз та æнтыстджынæй каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, рацыдис визажисты курсытæ дæр Цæгат Ирыстоны. Фæнды йæ, цæмæй скъолайы ахуыргæнинæгтæн кружокы фæлгæтты амона ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Уымæй та йын ныфс бавæрдтой Гуфтайы скъолайы разамынад æмæ ныридæгæн фæндтæ æмæ плæнттæ кæны йæ уыцы куыстæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0