Дзӕуджыхъӕуы зонадон центры директорӕй равзӕрстой Цыбырты Алексейы

© Sputnik / Наталья АйриянЦыбырты Алексей
Цыбырты Алексей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргонд фӕстаг ӕзты кӕны зонадон куыст Дзӕудзыхъӕуы, у ӕхсӕнадӕмон журнал "Nartamongӕ"-йы сӕйраг редактор, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты та куыста Хуссар Ирыстоны бӕрнон бынӕтты

ЦХИНВАЛ, 6 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы зонӕдты академийы Дзӕуыджыхъӕуы зонадон центры директорӕй равзӕрстой не 'мзӕххон, ӕхсӕнадӕмон журнал "Nartamongӕ"-йы сӕйраг редактор Цыбырты Алексей. Ахуыргонд ацы бынатмӕ ӕвзӕрст ӕрцыд фылдӕр хъӕлӕстӕй.

Нырмӕ Цыбырты Алексей уыд ацы уагдоны директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг. Ӕвзӕрстыты фӕстӕ кӕройнаг скъуыддзаг рахӕсдзӕн Уӕрӕсейы ахуырады министрад.

Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон

"Хъӕлӕсгӕнджыты 94 проценты сразы сты мӕ кандидатурӕйыл. Бамбӕрстон, цӕй бӕрц ӕууӕнк мыл бафтыдтой. Цы райстон ӕз? Стыр бӕрндзинад, кӕцы мыл ӕрӕвӕрдта коллектив. Бузныг алкӕмӕндӕр, архайдзӕн, кусӕм дарддӕр", - ныффыста йӕ фарсыл Фейсбукы ахуыргонд.

Уӕрӕсейы зонӕдты академийы Дзӕуыджыхъӕуы зонадон центры сконды ис цалдӕр зонадон центры. Сӕ нымӕцы Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртӕстыты институт, геофизикон институт, биомедицинон иртӕстыты институт ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0