Хуссар Иры президент фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы фӕдыл сӕйраг ориентир

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппӕрӕмы ацыд рабадт инвестицион куыст сӕххӕст кӕныны фӕдыл ацы аз. Паддзахады сӕргълӕууӕг радта нысӕнттӕ аразджытӕн

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ацы азы инвестицион программӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл рабадты рӕстӕджы фехъусын кодта, куыстытӕ кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕной иууылдӕр ӕмгъуыдмӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныг нардуатон организацитӕн сӕ куысты тыххӕй.

"Махӕн нырма рӕстӕг ис. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласынимӕ дӕр проблемӕтӕ нӕй. Хицауад кусы, цӕмӕй арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласой ӕмгъуыдмӕ, ӕмӕ цӕмӕй Инвестпрограммӕ азы кӕронмӕ сӕххӕст кӕной сӕдӕ проценты", - загъта президент.

Рабадтыл банысан кодтой, 2020 азмӕ инвестицион программӕйы суммӕйы 30 проценты – 430 милуан сомӕй фылдӕр – тагъд рӕстӕджы ӕрбацӕудзысты республикӕмӕ.

Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл

"Уыимӕ иумӕ нӕ хъӕуы рох кӕнын, 70 проценты, кӕцытӕ баззадысты – у стыр суммӕ, ӕмӕ ацы финанстӕй спайда кӕнынӕн рӕстӕг бирӕ нал баззад. Ӕрмӕстдӕр уӕ куысты руаджы мах фӕфылдӕр кӕндзыстӕм куысты бӕрцуат", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент бахӕс кодта нардуатон ораганизацитӕн, цӕмӕй бакусой ацы фарстыл.

"Махӕн нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ хъуамӕ ма уой ӕвзӕрдӕр 2018 ӕмӕ 2019 ӕзтӕм абаргӕйӕ. Уӕ ориентир хъуамӕ уа Инвестпрограммӕ сӕдӕ проценты сӕххӕст кӕнын", - бахахх кодта президент.

Хуссар Ирыстонӕн социалон экономикон ӕххуыс бакӕнын фӕдыл Инвестпрограммӕ 2020-2022 ӕзтӕм сфидар кодтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы апрелы.

Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0