ЦХИНВАЛ, 6 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медикты хъусдарды бын карантины сты дыууӕ сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы. Уыдоны фылдӕр хай ӕрцыд республикӕмӕ фӕстаг дыууӕ боны ФХМ хаххыл, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Фӕстаг ӕртӕ къуырийы республикӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты. Хоскӕнынад дарддӕр цӕуы иу адӕймаг – медицинон кусӕг, кӕцы куыста рынчынтимӕ.
"Уавӕр нӕ ивы цалдӕр къуырийы дӕргъы. Ног рынчынтӕ нӕй. Хъусдарды бын карантины сты 219 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.
Санитарон уагдоны лабораторийы ауагътой 3,5 мин басгӕрстӕй фылдӕр.
Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.