ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Балтайы хъӕуы басыгъд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ Nissan X-Trail, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.
Цау ӕрцыд къуырисӕры райсом – автотранспортон фӕрӕз ссыгъд цӕугӕ-цӕуын. Цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ.
"Знауыры поселочы зынгфӕдисон къорд куы ӕрбацыд цауы бынатмӕ, уӕд транспортон фӕрӕз уыд арты бын. Nissan X-Trail маркӕйы хӕдтулгӕ ӕнӕхъӕнӕй басыгъд", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
УУМ экспертты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ куыстой цауы бынаты, зынгсирвӕзты аххосаг уыд цыбыр аныдзӕвд моторы. Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры басыгъд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ
Хуссар Иры басыгъд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ
© Пресс-служба МЧС РЮО