Хуссарирыстойнаг боксер Тедеты Сослан рахиздзӕн рингмӕ дӕргъвӕтин паузӕйы фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты Сослан
Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Солан, кӕцы архайы Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын, фембӕлдзӕн зындгонд боксер Харитон Агрбаимӕ

ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. WBC версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион фӕсивӕды хсӕн Тедеты Сослан ногӕй рахиздзӕн рингмӕ дыууӕ азы фӕурӕды фӕстӕ. Тедеты Сослан фембӕлдзӕн зындгонд боксер Харитон Агрбаимӕ, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг спортсмен.

Къудухты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксер Къудухты Артур рамбылдта йӕ радон тох

"Профессионалон рингыл ӕз нӕ тох кодтон дыууӕ азы. Декабры тох кодтон Китайы, фӕлӕ уыдон уыдысты ӕрдӕгпрофессионалон тохтӕ", - загъта Тедеты Сослан.

Боксер бафтыдта, тохмӕ цӕттӕкӕнынад кӕй цӕуы хорз, ӕнӕ травмӕтӕй.

Тедеты Сослан архайы рог уӕзы (63 килограммы). Уый тренировкӕ кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын, ӕмӕ хъахъхъӕны боксерон клуб "Ариана"-йы кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0