"Хъахъхъӕнинаг мын сты ирон сабитӕ": Цхуырбаты Батыр – 2008 азы хӕсты зынгхуыст хъайтар

© Дриаты ЛейлаЦхуырбаты Батыр
Цхуырбаты Батыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхуырбаты Батыры йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орденæй

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Дриаты Лейла. 8-æм август куы ‘рбалæууы, уæд Цхуырбаты Рутены бинонтæн сног вæййы, дыууадæс азы размæ цы хъæбатыр фырт – Батыры - фесæфтой, уыцы трагеди.

"Ме ‘фсымæр йæхиуыл нæ ауæрста, нæдæр куысты бацæугæйæ, нæдæр хæсты быдыры. Алыхатт дæр тырныдта уымæ, цæмæй йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый сæххæст кæна, йæхи зæрдæмæ æмæ адæмы зæрдæмæ дæр куыд фæцæуа, ахæм хуызы", - мысы Цхуырбаты Батыры хо Ханиффæ.

Батыр йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ уыд ныфсхаст лæппу. Йæ ацы миниуæг уал фæбæрæг ис сæхи хъæу Хслебы, стæй та Дзауы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд. Скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы автоскъоламæ. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсадмæ æмæ æнæзивæгæй ацыдис Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс бафидынмæ.

Уалыты Альма йы чызджытимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фӕнды мӕ зӕгъон ын бузныг": цхинвайлаг чызг августы хӕсты йӕ ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй

Цалдæр хатты, кæм службæ кодта, уыцы æфсæдддон хайы командæкæнынад Батыры ныййарджытæм æрæрвыста арфæйы фыстæджытæ. Арфæ сын кодтой, ахæм æнæзивæг, алы хъуыддагмæ дæр рæвдз лæппу кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Райста ротæйы старшинæйы цин, афтæмæй æрæздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ.

Цхуырбаты лæппу ма шофыры курсыты куы ахуыр кодта, уæд цымыдис кодта канд автомашинæ сахуыр кæнынмæ нæ, фæлæ æндæр механизмты сусæгдзинæдтæ базонынмæ дæр. Æмæ ныр райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ æрлæууын йæ хъуыдымæ куы рцыд, уæд бацыд мотоæхсæн дивизийы танкты батальонмæ. Батыр кæм службæ кодта, танкты уыцы батальон лæууыд Дзауы, фæлæ дыууадæс азы размæ августы мæйы райдайæны уавæр карздæр кæнын куы райдыдта, гуырдзиаг фашисттæ та Ирыстонмæ радон хатт æрбабырсынмæ сæхи куы цæттæ кодтой, уæд Цхуырбаты лæппу æмæ йе ‘мбæлтты сæ танктимæ рарвыстой Зары хъæумæ. Ацы ран уыдис сæ пост.

Батыры хæстон æмбал, дзауаг Коцты Михаил куыд радзырдта, афтæмæй 2008 азы 7-æм августы гуырдзиаг фашисттæ Цъунары хъæумæ куы лæбурдтой, уæд уыдон дæр сæхи цæттæ кæнын райдыдтой знаджы ныхмæ хæсты бацæуынмæ. 8-æм августы цы æрцыдис, уый тыххæй та Коцты лæппу абон дӕр дзуры стыр хъынцъымимӕ.

"Цхинвал тынг куы райдыдтой æхсын гуырдзиæгтæ, уæд мах атагъд кодтам, горæт чи хъахъхъæдта, уыдонæн баххуыс кæнынмæ, фæлæ нæ рацæуынæн тынг хъыгдардтой гуырдзиаг авиацийы бомбæтæ. Уыдон хаудысты фæндæгтыл æмæ уымæ гæсгæ æмбæхст уыдыстæм хъæды. Бомбæтæ згъалыны хъуыддаг чысыл куы фæсабыр ис, уæд мах ратагъд кодтам, фæлæ уæдмæ гуырдзиæгтæ апырх сты горæты", - дзуры уыцы уӕззау бонты цаутӕ Михаил.

 Танкисттӕ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, Тъбеты æрцæуæн фæндаг сæрибар уыдзæнис, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ разынд. Ам дæр уыдысты гуырдзиаг танктæ æмæ сæ куы суыдтой, уæд сæ райдыдтой æхсын.

"Мах уыдтам гуырдзиаг, хæдтæхджытæ горæтыл бомбæтæ куыд калдтой. Нал уыдис бастдзинад æмæ кæрæдзийы уавæр зыдтаиккам, уый фадат дæр нӕ уыд. Мах æртæ танкыл æрхæццæ стæм Тъбетмæ. Ам нæм æрбаиу сты уæрæсейаг танктæ. Уыдонæн дæр æмæ махæн дæр нæ хъуыды уыдис, Шанхайы районы фидауынгæнæг тыхтæм æрбаиу уæвын, фæлæ уыцы хъуыддаг махæй раздæр сæ къухты бафтыд уырыссаг танкисттæн. Уыдон комкоммæ фæндагыл нæ, фæлæ быдыртыл ацыдысты æмæ æрбаиу сты фидауынгæнæг тыхтæм. Мах дæр архайдтам уырдæм баивæрзыныл, фæлæ та-иу нæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой æмæ нын нал лæвæрдтой размæ ацæуыны фадат", - мысы Батыры ӕмгар.

Лолоты Альберт  (астӕуӕй) йӕ хӕлӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн": куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард

Сӕ техникæ дæр бынтон хорз нæ куыста ӕмӕ сæ танкты батардтой, Тъбеты хъæумæ хæстæг институтæн ног агъуыст кæм арæзтой, уыцы хæдзары аууонмæ. Ардæм дæр та сæ суыдтой гуырдзиӕгтӕ æмæ сæ райдыдтой комкоммæ æхсын.

"Æз скъæрдтон танк. Батыр та бадтис мæ фæстæ цæуæг танкыл æмæ-иу æм æз рæстæгæй-рæстæгмæ мæ хъус адардтон, цы архайы, уый базоныны тыххæй. Ардæм нæ комкоммæ æхсын куы райдыдтой, уæд нын уым лæууæн нал уыдис. Хъуыдис нæ исты хуызы ацы фыдбойнаджы цæхæрæй аирвæзын æмæ уæд фæстæмæ Тъбеты рдæм мæ ных сарæзтон. Мæ фæстæ цыдис иннæ танк дæр", - адарддӕр кодта Михаил.

Иу рæстæджы сæ цуры рхауд радон снаряд æмæ сæ танк æртæрдыгæй ссыгъдис.

"Фæстæмæ та куы акастæн, уæд ауыдтон æвирхъау ныв: Батыр танчы люкæй фæстæмæ æрхауд, йæ туг кæлы, афтæмæй. Базыдтон, æнамонддзинад кæй у, уый. Æз аскъуыддзаг кодтон: мæ цæф æмбалы хъуамæ сæмбæлын кæнон рынчындоныл. Горæты рынчындонмæ нæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты. Уæд бамбæрстон, Дзауы рынчындонæй дарддæр мын ацæуæн кæй никуыдæм ис, уый æмæ скъæрдтон размæ. Мæ алывæрсты гуырдзиæгты снарядтæ куыд калдысты, уый хатгæ дæр нал кодтон", - радзырдта уый.

Ахæм тыхст уавæры æрбахæццæ сты Галуанты хъæумæ. Ам æрбаййæфтой иу рог машинæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый разынд горæты цæрæг Къæбулты Мишик. Сæ уавæр сын куы бамбæрста, уæд загъта, зæгъгæ, ам æнхъæлмæ кæсын мæ бинонтæм, чизоны сæ исчи ардæм æрбахæццæ кæна, уæд сæ ардыгæй мæхæдæг акæнин Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ, иугæр лӕппутӕ ахæм уавæры суыдысты, уæд уал, зæгъгæ, мæ бинонты дæр фæуаддзынæн.

"Батыры уæззау цæфтæй райстам танкæй. Ахæм æвзæр цæфтæ уыдис æмæ йæм къухæй бавналынмæ дæр йæ ныфс ничи хаста. Шофыр мын аххуыс кодта æмæ йæ сæвæрдтам машинæйыл. Батырæн уыцы уæззау цæфтæ цы хъизæмар æвзарын кодтой, уый куыннæ хатыдыстæм уыцы дард фæндагыл, фæлæ уæддæр йæхи фидар кодта, цæмæй йæ рис махæн зын ма уыдаид. Иу рæстæджы ма нæ дон дæр æркуырдта. Мах ын дзы даргæ нæ бакодтам, фæлæ йыл дзы æркалдтам, йæ былтæ йын дзы схуылыдз кодтам æмæ атындзыдтам дарддæр. Атындзыдтам, фæлæ…", - нӕлгоймаг зынтӕй дзуры уыцы трагикон хабӕртты тыххӕй.

Батырæн йæ хо Ханиффæ нӕ уромы йӕ цӕссыг. Зӕгъгӕ, куы-иу æй фæдзæхстам, дæхи хъахъхъæн, хæст уæддæр хæст у, нæмыджы ныхмæ афтæ æргомæй цæуæн нæй, уæд-иу хъазæн хуызы афтæ фæкодта, зæгъгæ, мæнæн нæдæр цардæмбал ис, нæдæр сывæллæттæ, мæхи кæй сомбоны тыххæй хъахъхъæнон, ахæмæй мын ничи ис.

Джиоты Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иунӕг хъӕбулы мӕлӕт - рæстæг кæй нæ рог кæны, уыцы рыст

Знагæй та мын хъахъхъæнинаг сты мæ ирон адæм, мæ ирон сывæллæттæ. Уыдон тыххæй, куы бахъæуа, уæд мæ цард дæр нæ бавгъау кæндзынæн, фæлæ йæ знагæн лæвар нæ радтдзынæн, дзырдта-иу Батыр.

Ханиффæ ма абон дæр æрæмысы, зæгъгæ, 8-æм августы Дзауы районы хæдтæхджытæ куы æхстой, уæд хъуамæ ацыдаид Дзæуджыхъæумæ йæ фондз сывæллонимæ, фæлæ йын дзы иу нæ акуымдта, баззадис Дзауы йæ фыдимæ.

"Мæ хъæбулимæ дæр куыннæ дзырдта мæ зæрдæ, фæлæ бынтон æнæсцухæй та мæ зæрдæ æхсайдта ме ‘фсымæрмæ. Æвæццæгæн, адæймаджы удысконд афтæ арæзт у, æмæ йыл æрцæуинаг цы фыдбылыз уа, уый зæрдæ рагацау фæхаты", - зӕгъы уый.

Цæгат Ирыстонмæ Ханиффæйæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, Батыр уæззау цæф у æмæ тагъд хæццæ кæн. Бæргæ ма ратагъд кодта уый йе фсымæрмæ æххуысмæ, фæлæ йæ мадызæнæджы цыхуызæнæй æрæййæфта, уый макæцы ирон сылгоймаг бавзарæд…

Цхуырбаты Батыры йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0